Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы дзуапп Билдадӕн

1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов:

2 «Кӕдмӕ мӕ удхарӕй мардзыстут, уӕ ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ кӕдмӕ къахдзыстут?

3 Ныридӕгӕн мӕ иу-дӕс хатты уӕ уайдзӕфты бын фӕкодтат ӕмӕ уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы.

4 Кӕд ӕцӕгӕйдӕр фӕрӕдыдтӕн, уӕд мӕ тӕригъӕд мӕхи фӕуӕд,

5 фӕлӕ кӕд мӕ разы уӕхи уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ мын мӕ худинаг мӕ цӕстмӕ дарут,

6 уӕд зонут: Хуыцау мӕ афӕлдӕхта, Уый мӕ баппӕрста цъысымы.

7 Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.

8 Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу, саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.

9 Мӕ кад мын байста, мӕ кады худ мын систа мӕ сӕрӕй.

10 Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.

11 Йӕ маст мӕм ссыгъди, ӕмӕ мӕ Йе знагыл банымадта.

12 Йе ’фсӕдтӕ ӕмвӕтӕнӕгӕй сӕ ных сарӕзтой мӕнӕрдӕм, мӕ хӕдзарыл мын ӕрхъула кодтой.

13 Фӕхицӕн мӕ кодта ме ’фсымӕртӕй, мӕ зонгӕтӕ мӕ сӕхи хизынц.

14 Мӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг чи уыди, уыдон мӕ ныууагътой, чи мӕ зыдта, уыдонӕй ферох дӕн.

15 Мӕ хӕдзары ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ унӕутӕй чи ис, уыдонӕн ӕцӕгӕлон сдӕн.

16 Ме ’ххуырстмӕ дзурын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕтты, цалынмӕ йын балӕгъстӕ кӕнын, уӕдмӕ.

17 Мӕ комытӕфӕй мӕ бинойнаджы зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы, ме ’фсымӕртӕ дӕр мыл ӕлгъ кӕнынц.

18 Суанг ма мыл чысыл сабитӕ дӕр былысчъилтӕ кӕнынц, куыддӕр мӕ ауынынц, афтӕ мӕ мӕстӕй марын райдайынц.

19 Ме ’рдхӕрдтӕ мыл ӕнӕввӕрсон систы, кӕй уарзтон, уыдон рацыдысты мӕ ныхмӕ.

20 Царм ӕмӕ мӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, мӕ уд ӕндахыл хӕцы.

21 Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, — Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!

22 Сымах дӕр Хуыцауы хуызӕн мӕ фӕдыл цы зилут? Мӕ уд хӕрынӕй бафсис куынӕуал зонут!

23 Тӕхуды, мӕ ныхӕстӕ мын чиныджы ныффысс,

24 ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!

25 Ӕз зонын: цардӕгас у мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Фӕстагмӕ Уый сыджыты сӕрмӕ ’рлӕудзӕн,

26 ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла, уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.

27 Ӕз Ӕй фендзынӕн мӕхи цӕстӕй, ӕндӕр исчи нӕ, фӕлӕ мӕхӕдӕг, мӕ зӕрдӕ мӕ риуы куы ныллӕууа, уӕд дӕр!

28 Сымах та мӕ фӕдыл зилут ӕмӕ мын мӕ хъизӕмӕрттӕ мӕхи аххос фӕкӕнынмӕ хъавут, —

29 уӕдӕ тӕрсут кардӕй: ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрӕгмӕ карды ком кӕсы, цӕмӕй зонат: ис уӕлдӕр Тӕрхон».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan