Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Билдады дыккаг ныхас

1 Дзуапп ын радта Билдад, шуахаг:

2 «Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.

3 Фос куы не стӕм, мыййаг, къуымыхы цӕстӕй нӕм цӕмӕ хъуамӕ кӕсай?

4 Ныр ды фыр мӕстӕй дӕхи хӕрыс, ӕмӕ дӕу тыххӕй зӕхх хъуамӕ сафтид уа, айнӕг йӕ бынатӕй феггуырса?

5 Ӕнаккагыл йӕ бон баталынг уыдзӕн, йӕ арт ахуысдзӕн.

6 Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.

7 Йӕ къӕхтыл ма тыхамӕлттӕй цӕудзӕн, йӕ фыдвӕндты азар йӕхиуыл ӕртыхсдзӕн.

8 Йӕхи къахӕй къӕппӕгмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ахст ӕрцӕудзӕн.

9 Къӕппӕг ӕй ӕрцахсдзӕни йӕ къахӕй, цъысымы бахаудзӕн.

10 Разӕй йӕм фыдбылыз ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ фӕндагыл къӕппӕг цӕттӕйӕ лӕууы.

11 Йӕ алыварс ӕй алцы тасы ӕфтаудзӕн, фыр тӕссӕй йӕ сӕр йӕ кой суыдзӕн.

12 Фыдбылыз ӕм гӕппӕввонгӕй лӕууы, кӕд фесӕфдзӕни, уый бӕрӕг нӕй.

13 Йӕ буар уӕлхъӕдӕй ӕмбийы, мӕлӕты минӕвар ӕй бахордта.

14 Йӕ хӕдзарӕй йӕ раласдзысты, Фыд азары паддзахы размӕ йӕ акӕндзысты.

15 Арт ссудздзӕни йӕ дзӕгъӕл цатыры, йӕ хӕдзарыл судзгӕ сондон ныккӕлдзӕни.

16 Бынӕй йӕ уидӕгтӕ бахус уыдзысты, уӕлейӕ йӕ къалиутӕ баруайдзысты.

17 Зӕххыл йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, уынгты йын йӕ ном дӕр ничиуал хъуыды кӕндзӕн.

18 Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.

19 Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот, адӕмы ’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.

20 Йӕ хъысмӕты коймӕ ныгуылӕны баризынц, скӕсӕны ныккӕрзынц.

21 Ахӕм фидӕн ис фыдгӕнӕджы уӕзӕгӕн, Хуыцауы кӕм нӕ нымайынц, уыцы бынатӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan