Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц, ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.

2 Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци, хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.

3 Дӕхӕдӕг рахӕц мӕ сӕрыл, науӕд ӕндӕр чи бацӕудзӕн мӕ бӕрны?

4 Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.

5 Йӕ хӕлӕртты кӕйдӕр амӕттаг чи бакӕна — йӕ хъӕбултӕн сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн.

6 Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта, ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.

7 Саугуырм бадӕн мастӕй, царм ӕмӕ стджытӕ ма мӕ баззади.

8 Уымӕ кӕсгӕйӕ, раст адӕймаг ныккӕрзы, ӕнаххостӕ мӕсты кӕнынц ӕнӕхуыцӕуттӕм.

9 Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы, йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.

10 Сымах та ма иу хатт бафӕлварут, рацӕут ардӕм ӕмӕ мӕ ныхмӕ сдзурут — ӕз уе ’хсӕн иу куырыхоны дӕр не ссардзынӕн.

11 Аивгъуыдтой мӕ царды бонтӕ. Мӕ бӕллицтӕй — мӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕй — фыдӕнхъӕл фӕдӕн.

12 Уыдон та ӕхсӕв бон хонынц, тагъд, дам, срухс уыдзӕн, фӕлӕ мӕ алыварс — тар.

13 Хи уӕзӕгау мысын мӕрдтыбӕстӕ, уат кӕнын талынджы мӕхицӕн.

14 Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.

15 Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ? Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?

16 Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый, сыджыты ’рхуысдзӕни мемӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan