Иовы чиныг 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИовы дзуапп Елифазӕн 1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2 «Ахӕм ныхӕстӕ ӕз бирӕ фехъуыстон, уӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй масты ӕфтаут ӕрмӕстдӕр. 3 Цымӕ ацы дзӕгъӕлдзырдӕн кӕрон кӕд уыдзӕн? Уый бӕрц дӕ удхарӕй цы мары, цӕмӕй ахӕм дзуапп раттай? 4 Сымах мӕ бынаты куы уаиккат, уӕд ӕз дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕнин; дзурин уӕ ныхмӕ, мӕ сӕр-иу, уайдзӕфгӕнгӕ, банкъусин. 5 Дзӕгъӕлдзырдӕй уын ныфсытӕ ’вӕрин, былты змӕлдӕй уӕ сабыр кӕнин. 6 Дзургӕйӕ дӕр не ’нцайы мӕ рыст, ӕдзӕмӕй дӕр мын нӕу ӕнцондӕр. 7 Мӕ тых мын басаста бынтондӕр, мӕ бинонты мын бабын кодта. 8 Фӕлӕбурдта мӕм, мӕ ныхмӕ Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд, мӕ азымыл мӕ лӕмӕгъдзинад дӕр дзуры. 9 Фыр мӕстӕй мӕ ’ргӕвды, Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы; ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ. 10 Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, мӕстӕй мӕ марынц, мӕ рустӕ мын цӕвынц. 11 Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта. 12 Ӕвӕлмон уыдтӕн, фӕлӕ мын Уый мӕ бӕрзӕймӕ фӕлӕбурдта, тугӕрхӕмттӕ мӕ фӕкодта, Йӕхицӕн мӕ мысанӕн сӕвӕрдта. 13 Ихуарӕгау мыл Йӕ фӕттӕ ныккалдта, уыргӕфтыд ӕмӕ тугомынты мӕ фӕкодта. 14 Мӕ буар Йӕ цӕфтӕй нал зыны, нӕрӕмон хӕстонау мыл Йӕхи ныццавта. 15 Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон, мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон. 16 Фыр куыдӕй судзы мӕ цӕсгом, саудалынг мын сӕхгӕдта мӕ цӕстытӕ. 17 Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд. 18 О зӕхх! Мӕ туг мын ма басусӕг кӕн — мӕ фӕдисхъӕр мын дӕ хуылфы ма бамбӕхс! 19 Уӕлӕрвты мын ис Ӕвдисӕн, бӕрзӕндты мын ис Сӕрылхӕцӕг. 20 Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын. 21 Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн, дыууӕ лӕджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау. 22 Уымӕн ӕмӕ нымад сты мӕ царды бонтӕ, ӕмӕ ӕз фӕцӕудзынӕн, раздӕхӕн кӕцӕй нӕй, уырдӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia