Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Елифазы дыккаг ныхас

1 Ӕмӕ йын дзуапп радта Елифаз, теманаг:

2 «Куырыхон лӕг уӕлӕнгай ныхас нӕ кӕны, скӕсӕйнаг фыддымгӕйӕ йӕхи нӕ ныддымсы.

3 Сӕнттӕ цӕгъдын дын не ’мбӕлди, быцӕугӕнгӕйӕ: куырыхон лӕг ахӕм ӕнӕуаг дзыхӕй нӕ дзуры.

4 Хуыцауы тас дӕхицӕй аиуварс кодтай ӕмӕ иннӕты куывд къуылымпы кӕныс.

5 Дӕ тӕригъӕд дӕ ардауы афтӕ дзурыныл, ӕмӕ мӕнгард ныхас кӕныс.

6 Ӕз нӕ — дӕхи ’взаг дӕ кӕны азымджын, дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.

7 Исты ӕппӕт адӕмы разӕй ды райгуырдтӕ, къуылдымтӕй дӕр раздӕр ды равзӕрдтӕ?

8 Ӕви Хуыцауы ӕмбырды уыдтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕлзонд дӕр дӕхи бакодтай?

9 Уагӕры ды, мах цы нӕ зонӕм, ахӕмӕй цы зоныс? Махӕн ӕнӕмбӕрст цы у, ахӕмӕй цы бамбӕрстай,

10 не ’хсӕн урссӕр зӕрӕдтӕ дӕр куы ис, дӕ фыдӕй дӕр зӕронддӕртӕ?

11 Ау, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дын фаг нӕу? Ау, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ чысыл фехъуыстай ды?

12 Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс, уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,

13 Хуыцауӕн Йӕ ныхмӕ куы сдӕ ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ куы кӕныс, уӕд?

14 Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа? Сылгоймаг кӕй ныййардта, уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,

15 кӕд ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытыл дӕр не ’ууӕнды, арв дӕр сыгъдӕгыл нӕ нымайы?

16 Адӕймаг та бынтон ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд у, тӕригъӕды бацӕуын уымӕн дон нуазынау у.

17 Ӕрбайхъус-ма, ӕмӕ дын радзурон, мӕхи цӕстӕй цы федтон,

18 куырыхонтӕ фыдӕлтӕй цы фехъуыстой ӕмӕ цы нӕ басусӕг кодтой, уый.

19 Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыди зӕхх, ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн се ’хсӕн бынат нӕй.

20 Ӕнаккаг йӕ бонтӕ хъизӕмаримӕ ’рвиты, нымад сты йӕ азтӕ фыдгӕнӕгӕн.

21 Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.

22 Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.

23 Рахау-бахау кӕны сынтыты холыйау, зоны: йӕ сӕфты бон ӕм цӕттӕйӕ лӕууы.

24 Зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ бӕллӕхтӕ тасы ӕфтауынц, сӕ быны йӕ скодтой тыхагур паддзахау,

25 уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ къух систа, Ӕппӕтхъомысы ныхмӕ растади,

26 сӕрхызтӕй-иу Йӕ размӕ уӕззау уартимӕ ралӕууыд;

27 уымӕн ӕмӕ фыр нӕрдӕй йӕ цӕстытӕ дӕр нал зынынц, йӕ фӕрстӕ ӕрзӕбултӕ сты.

28 Ӕрцӕрдзӕни гӕныстон сахарты, ӕркӕлынӕввонг ӕдзӕрӕг хӕдзӕртты.

29 Цард ыл не ’рхӕцдзӕн, бын не скӕндзӕн, зӕххыл не ’рбынӕттон уыдзӕн.

30 Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.

31 Тутт ныфсытӕ ма ’вӕрӕд йӕхицӕн: уыдон ын ницы пайда ӕрхӕсдзысты.

32 Йӕ афонмӕ нӕ ахӕццӕ уыдзӕн, йӕ къалиутӕ быгъдӕгӕй аззайдзысты.

33 Сӕнӕфсирау йӕ гага цъӕхӕй азгъӕлдзӕн, оливӕйау йӕ дидин ӕрызгъӕлдзӕни зӕхмӕ.

34 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцауы къона ӕвӕстаг у, уӕййаг лӕджы цатыр зынджы хай кӕны.

35 Ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕйы бын фыдбылыз хӕссы, аргӕ бӕллӕх кӕны, йӕ мидӕг ӕрмӕстдӕр мӕнгарддзинад ӕвзӕры».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan