Иовы чиныг 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ. 2 Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы. 3 Ӕмӕ Дӕ цӕстытӕ уымӕй нӕ исыс, тӕрхондонмӕ уый кӕныс? 4 Чъизи цы у, уырдыгӕй исчи сыгъдӕгӕй исты райсдзӕни? Ничи. 5 Кӕд адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ нымад сты, кӕд Дын йӕ мӕйтӕ дӕр барст сты, ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты ахизӕн нӕй, 6 уӕд ӕй иу чысыл сулӕфын бауадз, ӕххуырст кусӕг йӕ куысты фӕстӕ куыд баулӕфы, афтӕ. 7 Бӕласы дӕр ма йӕ фидӕнӕй ныфс и: акалӕнт ӕй — йӕ бындзӕфхад ногӕй ӕвзар суадздзӕн. 8 Йӕ уидӕгтӕ зӕххы бын куы базӕронд уой, йӕ мард къодах зӕххы бын куы фӕуа, 9 уӕд дӕр, доны хъӕстӕ фӕци, зӕгъгӕ, ногӕй ӕвзартӕ суадздзӕн ӕмӕ ӕвзонг талайау рӕзынмӕ фӕуыдзӕн. 10 Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны. 11 Цады дон байсысы, цӕугӕдон бахус вӕййы, хуыскъ адаг фесты. 12 Афтӕ адӕймаг дӕр: ӕруатон вӕййы ӕмӕ нал сысты, ӕмӕ, цалынмӕ арв йӕ бынаты уа, уӕдмӕ уый йӕ мӕрдон фынӕйӕ нӕ райхъал уыдзӕн. 13 Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис, цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ! 14 Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ. 15 Басиддзынӕ мӕм, ӕмӕ Дын ӕз дзуапп ратдзынӕн: Ды ме Скӕнӕг дӕ ӕмӕ мӕ ӕрымысдзынӕ. 16 Мӕ алы къахдзӕф дӕр мын нымайыс ныр, фӕлӕ мӕм уӕд тӕригъӕд кӕд нал агурис, 17 мӕ тӕригъӕдтӕ мын мыхуырӕвӕрд скӕнис, мӕ аххӕстӕ мын бамбӕхсис. 18 Фӕлӕ хох куы рафӕлдӕхы, уӕд базгъӕлӕнтӕ вӕййы, къӕдзӕх йӕ бынатӕй феггуырсы; 19 дон дуртӕ баууилы, зӕххы уӕлцъар йӕ уӕлныхты айсы. Афтӕ Ды дӕр адӕймаджы ныфс амарыс! 20 Куы йӕ ’рцӕвай — ӕрбайсӕфдзӕни ӕнустӕм, йӕ цӕсгомы хуыз ын аивдзынӕ ӕмӕ йӕ арвитдзынӕ. 21 Йӕ зӕнӕг рӕгъмӕ рацыдысты ӕви нӕ, уый нӕ зондзӕн; исчи сӕ ӕфхӕры ӕви нӕ, уый нӕ фендзӕн. 22 Ӕрмӕст йӕхи буары рыстӕй риссы, ӕрмӕст йӕхи удыл марой кӕны». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia