Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, алцы ӕз мӕхи хъусӕй фехъуыстон ӕмӕ алцыдӕр бамбӕрстон.

2 Ӕз дӕр сымахӕй къаддӕр нӕ зонын, сымахӕй дӕлдӕр ницӕмӕй дӕн.

3 Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!

4 Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!

5 Фӕлтау куы ныхъхъус уаиккат, уӕд уый уӕ зондыл дзурӕг уаид.

6 Ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъын, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнут мӕ ныхӕстыл.

7 Уӕ сайӕн ныхӕстӕ Хуыцауы кӕм хъӕуынц, ау, Уый сӕраппонд сайгӕ кӕндзыстут?

8 Йӕ сӕрвӕлтау фӕливгӕ кӕнут, Йӕ сӕрыл хӕцын сымахмӕ кӕсы?

9 Куы уӕ бафӕлвара, уӕд та цы фӕуыдзыстут? Адӕймаджы куыд асайут, афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?

10 Цурон митӕ Йын куы кӕнат, уӕд дӕр уӕ Йӕ азар нӕ фӕивгъуыйдзӕн.

11 Ау, Йе стырадӕй не стъӕлфут, Йӕ азарӕй Йын нӕ тӕрсут?

12 Уӕ ныхӕстӕ рыгӕй уӕлдай не сты, ӕлыгӕй конд уартыл уӕ зӕрдӕ ма дарут.

13 Ныхъхъус ут уӕдӕ, дзырды бар мын раттут.

14 Мӕхимӕ дӕндагӕй лӕбурын, мӕ къухы дарын мӕ уд.

15 Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,

16 ӕмӕ уый фӕрцы фервӕздзынӕн. Ӕнӕхуыцау та Йӕм хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ бауӕнддзӕн!

17 Лӕмбынӕг-ма ӕрбайхъусут, цы уын дзурын, уымӕ.

18 Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.

19 Мӕ ныхмӕ дзурын кӕд ӕмӕ искӕй бон суа, уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.

20 Дыууӕ хъуыддагӕй мӕ бахиз ӕрмӕст, ӕмӕ Дӕ мӕхи нал ӕмбӕхсдзынӕн:

21 Дӕ къух мӕм мауал ис ӕмӕ мын мӕ уд мауал лас Де стыр тасӕй!

22 Уӕд-иу мӕм фӕсид, ӕмӕ Дын дзуапп ратдзынӕн, кӕнӕ мын ратт ныхасы бар, ӕмӕ мын дзуапп дӕтт Дӕхӕдӕг.

23 Мӕ тӕригъӕдтӕ, мӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты? Бацамон мын мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ мӕ рӕдыдтытӕ.

24 Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс Дӕ цӕсгом, Дӕхицӕн мӕ знагыл цӕмӕн нымайыс?

25 Бӕласӕй цы сыф ӕрхауди, ууыл Дӕ тых фӕлварыс? Хус тихалӕг Дӕ уӕлныхты цы сисыс?

26 Кӕуинаг хъысмӕт мын сныв кодтай, мӕ рагбонты рӕдыдтытӕ мын бафидын кодтай карзӕй.

27 Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай, гакк мыл сӕвӕрдтай, мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.

28 Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan