Иовы чиныг 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИовы дзуапп Цофарӕн 1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2 «Лӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, сымах стут ӕмӕ, куы амӕлат, уӕд ӕппӕт бӕсты зонд мӕрдтӕм уемӕ ахӕсдзыстут! 3 Мӕныл дӕр сымахау сӕр ис, ӕмӕ ӕз дӕр сымахӕй ницӕмӕй дӕлдӕр дӕн, стӕй ӕппӕт уыдӕттӕ чи нӕ зоны? 4 Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси! 5 Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы, йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы, уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ. 6 Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау. 7 Ӕгомыг фосы бафӕрс — бамбарын дын кӕндзысты, уӕларвон мӕргътӕ дын радзурдзысты; 8 зӕххы бафӕрс — зонд дын бацамондзӕн, доны кӕсӕгтӕ дын рахабар кӕндзысты. 9 Чи нӕ зоны, алцыдӕр Дунедарӕг сфӕлдыста, уый? 10 Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис. 11 Ныхӕстӕ хъус не ’взары, комарынг ад не ’нкъары? 12 Зӕронд куырыхон у, бирӕ азтӕ зондыл ӕфтауынц. 13 Уӕлзонд дӕр, хъомыс дӕр Уымӕ ис, уынаффӕ дӕр ӕмӕ амонгӕ дӕр Уый кӕны. 14 Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн, ахӕстоны кӕй бакӕна, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн. 15 Дӕттӕ куы баурома, уӕд бӕстӕ бахус уыдзӕн, куы сӕ рауадза — зӕхх доны бын фӕуыдзӕн. 16 Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты. 17 Уый уынаффӕгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фесафы, тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны. 18 Паддзӕхтӕн сӕ рон раппары ӕмӕ сын астӕубосӕй сӕ синтӕ алвасы. 19 Сауджынты бӕгъӕввадӕй атӕры, хъомысджынтӕн сӕ хъомыс фесафы. 20 Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны, зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны. 21 Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны. 22 Сау тарӕн йӕ арф байгом кӕны, мӕрдон сӕудар рухсмӕ ракӕны. 23 Адӕмты бӕрзонд дӕр сисы ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр фӕкӕны, ныххӕлиу сӕ кӕны ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕны. 24 Адӕмты бардартӕн байсы сӕ зонд, ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаг кӕм нӕй, уым сӕ схӕтӕнхуаг кӕны, 25 ӕмӕ расыг лӕгтау, уырзӕй сгаргӕ, сӕудары, ӕнӕ рухсӕй фӕхилынц. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia