Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цофары фыццаг ныхас

1 Ӕмӕ йын дзуапп радта Цофар, наамайаг:

2 «Дӕргъвӕтин ныхасӕн дзуапп нӕй, ӕнхъӕлыс? Бирӕ чи дзуры, дӕумӕ гӕсгӕ, раст уый вӕййы?

3 Дӕ дзӕгъӕлдзырдмӕ дын хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм, куы нӕ хъазай, уӕд дын макӕ мачи зӕгъа?

4 Афтӕ дӕм кӕсы, цыма рӕстытӕ дзурыс ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг дӕ.

5 Фӕлӕ ныр, тӕхуды, Хуыцау исты куы сдзурид ӕмӕ дын дзуапп куы раттид,

6 Уӕлзонды сусӕгтӕ — уӕлзонд бирӕвӕрсыг у — дын куы раргом кӕнид, уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.

7 Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?

8 Уый арвӕй уӕлдӕр у. Куыд ӕм сӕххӕсдзынӕ? Мӕрдтыбӕстӕй арфдӕр у. Куыд ӕй базондзынӕ?

9 Зӕххӕй ӕгӕрондӕр, фурдӕй фӕтӕндӕр у Уый.

10 Кӕмӕ фӕкомкоммӕ уа ӕмӕ ахӕстоны кӕй бакӕна, уымӕн цы йӕ бон у?

11 Уый зоны мӕнгӕрдты; тӕригъӕд куы фена, уӕд ӕй афтӕ куыд ныббардзӕн?

12 Адӕймаг йе ’нӕзондӕй зондджын ныхӕстыл схӕцы, афтӕмӕй хъӕддаг хӕрӕгӕй уӕлдай ницы ӕмбары.

13 Дӕхи куы ӕрӕмбарай ӕмӕ Йӕм, лӕгъстӕгӕнгӕ, дӕ цӕнгтӕ куы ивазай,

14 дӕ тӕригъӕдтӕй куы фервӕзай, дӕ цатырты аипджынӕй куы ницыуал ныууадзай,

15 уӕд ӕнӕкъӕмдзӕстыгӕй равдисдзынӕ дӕ цӕсгом, фидар лӕудзынӕ дӕ къӕхтыл, ӕмӕ дӕ ницы тас уыдзӕни.

16 Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.

17 Бонрӕфтау ныййирд уыдзӕни дӕ цард, сӕуӕхсидау срухс уыдзӕни дӕ цӕсгом.

18 Ӕрсабыр уыдзынӕ, ныфс дӕ бацӕудзӕни, тас дын ницӕмӕй уыдзӕн, ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй бафынӕй кӕндзынӕ.

19 Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ, ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн, бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.

20 Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan