Иовы чиныг 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн. 2 Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн! 3 Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын? 4 Исты Дын адӕймаджы цӕстытӕ ис, ӕмӕ Ды дӕр адӕймагау кӕсыс? 5 Исты Дӕ бонтӕ адӕймаджы бонтау сты, Дӕ азтӕ — адӕймаджы азтау? 6 Аххос мӕм цы агурыс, тӕригъӕд мӕм ссарыныл цы архайыс? 7 Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн. 8 Дӕ къухтӕ мыл бафыдӕбон кодтой, Дӕхи къухӕй мӕ скодтай, афтӕмӕй мӕ ныр Дӕхи къухӕй сафыс. 9 Цыма ӕлыг дӕн, уыйау мӕ куыд арӕзтай, уый Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн — ныр мӕ фӕстӕмӕ рыг куыд хъуамӕ фестын кӕнай? 10 Ӕркодтай мӕ ӕхсырау, къӕдорау мӕ сбӕзджын кодтай. 11 Фыд ӕмӕ цармӕй, стӕг ӕмӕ нуарӕй сифтонг дӕн. 12 Цард мын балӕвар кодтай, ӕдзух мыл аудыдтай, ӕмӕ Дӕуыл лӕууыди мӕ уд. 13 Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый, зонын дын Дӕ фӕндон. 14 Тӕригъӕд мын нӕ ныббардзынӕ, мӕ рӕдыд мын нӕ ныххатыр кӕндзынӕ. 15 Кӕд аххосджын дӕн, уӕд — додой мӕ къона! Кӕд мӕм азымӕй ницы ис, уӕддӕр мӕ сӕр хӕрдмӕ сисын нӕ бауӕнддзынӕн. Къӕхты бынмӕ ’рхаудтӕн, худинаджы бын фӕдӕн, мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн. 16 Мӕ мӕстытӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Куыддӕр мӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцын, — домбайау мыл Дӕхи ныццӕвыс. 17 Ног ӕмӕ ногӕй мӕ азымджын кӕныс, Дӕ маст карзӕй-карздӕр кӕны, фыдбылызтӕ иу иннӕйы фӕдыл сыстадысты мӕ ныхмӕ. 18 Дунейы рухс мын цӕмӕн фенын кодтай? Фӕлтау куы амардаин — уӕд мӕ никӕй цӕст федтаид! 19 Фӕлтау мӕ мады гуыбынӕй комкоммӕ ингӕнмӕ куы бахаудаин, цыма дунейыл мӕ кой дӕр нӕ уыди, афтӕ! 20 Ӕз бирӕ нал ахӕсдзынӕн, ныууадз мӕ, — иу чысыл уӕддӕр фӕхӕцон мӕхиуыл, 21 цалынмӕ ӕнустӕм нӕ ацыдтӕн саудалынг бӕстӕм, 22 рухсы цъыртт кӕм нӕй, рухс дӕр талынджы хуызӕн кӕм у, уырдӕм». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia