Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕнаипп ӕмӕ раст Иов

1 Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.

2 Цотӕй йын рацыди авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы.

3 Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.

4 Иовы фырттӕ-иу радгай куы иу ӕфсымӕры хӕдзары ӕрӕмбырд сты, куы иннӕйы, фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу сӕ хотӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй иумӕ фынгыл абадой.

5 Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.


Дунедарӕг сайтанӕн дӕтты Иовы бавзарыны бар

6 Иу бон Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр — се ’хсӕн.

7 Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон».

8 «Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ исты фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы».

9 «Ӕнӕпайда куынӕ у Иовӕн Хуыцауы тас», — дзуапп радта уый Дунедарӕгӕн. —

10 Исты йын Ды нӕ аудыс йӕхиуыл дӕр, йӕ бинонтыл дӕр ӕмӕ йӕ исбоныл дӕр? Арфӕгонд у Дӕуӕй йӕ къухты фӕллой, ӕмӕ йӕ фосы рӕгъӕуттӕ бӕстыл нал цӕуынц.

11 Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!

12 «Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.

13 Иу бон та Иовы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой.

14 Уалынджы Иовмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Галтӕ быдыры хуым кодтой, сыл хӕрджытӕ уыдонӕй чысыл ӕддӕдӕр хызтысты,

15 афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».

16 Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Арвӕй Хуыцауы зынг ӕрхауд, фысвос ӕмӕ ӕххуырстыты саусыгъд бакодта. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».

17 Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Ӕртӕ къордӕй ӕрбалӕбурдтой халдейӕгтӕ ӕмӕ теуаты атардтой. Кусджытӕ карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».

18 Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой.

19 Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».


Бирӕбыхсаг Иов

20 Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис

21 ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»

22 Уыимӕ ницы тӕригъӕды бацыди Иов, ницы азым ӕрхаста Хуыцаумӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan