Ионӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИонӕйы маст ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау 1 Уый Ионӕйӕн тынг хъыг уыди ӕмӕ смӕсты. 2 Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый. 3 Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у». 4 Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?» 5 Ионӕ сахарӕй рацыди, йе скӕсӕнварс халагъуд сарӕзта ӕмӕ йӕ аууоны сбадти, цӕмӕй, сахар цы бауыдзӕнис, уый фена. 6 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау уым зайӕгой ӕрзайын кодта. Уый Ионӕйӕн йӕ сӕрты акасти ӕмӕ йын аууон дардта, кӕд дзы йӕ маст ферох уаид, зӕгъгӕ. Ионӕ тынг бацин кодта уыцы зайӕгойыл. 7 Фӕлӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ дыккаг бон, куыддӕр ӕрбарухс, афтӕ къуыдыргалм уидӕгтӕ бахсыдта, ӕмӕ зайӕгой бахус. 8 Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у». 9 Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый. 10 Уӕд ын Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ды тӕригъӕд кӕныс, кусгӕ кӕуыл нӕ бакодтай, кӕй не ’рзайын кодтай, иунӕг ӕхсӕвмӕ чи сзадис ӕмӕ иунӕг ӕхсӕвмӕ сӕфгӕ дӕр чи фӕкодта, уыцы зайӕгойӕн. 11 Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia