Ионӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИонӕ хъусын кӕны Хуыцауы ныхас 1 Дунедарӕг Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта: 2 «Марадз, хъуыстгонд стыр сахар Ниневимӕ ацу ӕмӕ адӕмӕн, Ӕз дын цы зӕгъын, уый фехъусын кӕн». 3 Ионӕ байхъуыста Дунедарӕджы ныхасмӕ, срӕвдз кодта йӕхи ӕмӕ араст ис Ниневимӕ. Ниневи уыди стыр сахар, йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — ӕртӕ боны цыд. 4 Ионӕ сахары цӕуын байдыдта, боны дӕргъы йын-иу цас бантысти, уыйас, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодта: «Дыууиссӕдз боны ма — ӕмӕ Ниневи ныппырх уыдзӕн!» Ниневиӕгты фӕсмон 5 Ӕмӕ ниневиӕгтӕ баууӕндыдысты Хуыцауыл: стырӕй, чысылӕй ком дардтой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис. 6 Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти. 7 Стӕй уӕд бардзырд радта йӕхи ӕмӕ йӕ номдзыд адӕймӕгты номӕй: «Ниневийы адӕм, стурвос, лыстӕг фос дӕр мацы хӕргӕ хъуамӕ кӕной, мацы — нуазгӕ, 8 цӕмӕй адӕймагӕй, фосӕй ӕмбӕрзт уой уыцы пӕлӕзтӕй, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ тынг кувын байдайой, цӕмӕй алчи йӕ рӕдыд фӕндагӕй рахиза, фыдбылыз макӕмӕнуал кӕна. 9 Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам». 10 Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia