Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ионӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ионӕ кувы

1 Уӕд Дунедарӕг бардзырд радта стыр кӕсагӕн, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра. Ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы Ионӕ фӕци кӕсаджы гуыбыны.

2 Стӕй уӕд Ионӕ кӕсаджы гуыбынӕй Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта:

3 «Мӕ тыхст сахаты ӕз ӕрхатыдтӕн Хуыцаумӕ, мӕрдтыбӕстӕй — кӕсаджы хуылфӕй Дӕм нырдиаг кодтон, ӕмӕ мын фехъуыстай мӕ хъӕлӕс.

4 Сӕрсӕфӕнмӕ, денджызы арфмӕ мӕ нывзылдтай, мӕ алыварс дон фестади, Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ ивылдысты мӕ сӕрты.

5 Ӕз хинымӕр загътон: Дӕ цӕстыты разӕй тард ӕрцыдтӕн, фӕлӕ та ногӕй Дӕ сыгъдӕг Кувӕндон фендзынӕн.

6 Дӕттӕ ӕртыхстысты мӕ удыл, сӕрсӕфӕны февзӕрдтӕн, денджызы зайӕгойтӕ баныхӕстысты мӕ сӕрыл.

7 Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн, зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ, фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.

8 Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.

9 Ницӕйаг мӕнг хуыцӕуттӕн кад чи кӕны, уыдон ӕнӕхай фесты хорзӕхӕй, сӕ бон райсын кӕй уыди, уымӕй.

10 Ӕз та Дын кады зарӕгӕй нывонд ӕрхӕсдзынӕн, цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Ирвӕзындзинад Дунедарӕгмӕ ис!»

11 Уӕд Дунедарӕг кӕсагӕн бардзырд радта, ӕмӕ уый Ионӕйы сурмӕ раппӕрста йӕ дзыхӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan