Ионӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИонӕ лидзы Дунедарӕгӕй 1 Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2 «Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст». 3 Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ. Тымыгъ денджызы 4 Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси. 5 Науы кусджытӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауади, алчи дзы йӕхи хуыцаумӕ фӕдисы хъӕр байдыдта, ласинаг сӕм цы уыд, уый донмӕ ӕппӕрстой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ. Ионӕ та уыцы рӕстӕг науы рӕбыноз бынатмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци. 6 Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам». 7 Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта. 8 Ӕмӕ йын загътой: «Зӕгъ-ма нын, ацы бӕллӕх ныл кӕй азарӕй ӕрцыдис, цы ми кӕнӕг дӕ, кӕцӕй цӕуыс, цы бӕстон, цы адӕмӕй дӕ?» 9 Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн». 10 Ӕмӕ адӕмы стыр тас бацыд, Дунедарӕгӕй лидзынвӕнд кӕй скодта, уый сын куы радзырдта, уӕд, ӕмӕ йын загътой: «Уый цы ми бакодтай?!» 11 Денджыз та йӕ абухынӕй не ’нцади. Ӕмӕ йӕм дзурынц: «Цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй нын денджыз ныссабыр уа, уый тыххӕй?» 12 Уӕд сын уый загъта: «Доны мӕ баппарут, ӕмӕ басабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз зонын, ацы ӕвирхъау уад уыл мӕн азарӕй кӕй рацыдис, уый». 13 Уыдон сӕ нау былы ’рдӕм сарӕзтой ӕмӕ фыййӕгтӕй тынгдӕр ссонын байдыдтой, зӕхмӕ куы баирвӕзиккам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ денджыз йӕ абухын нӕ уагъта, уылӕн сӕ ныхмӕ цавта, ӕмӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад. 14 Уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой: «Лӕгъстӕ Дын кӕнӕм, Дунедарӕг, ацы адӕймаджы уды тыххӕй нӕ ма фесаф, ӕнаххос адӕймаджы тугныккалды нӕ азымджын ма фӕкӕн! Ды — Дунедарӕг: Дӕ фӕндон ахӕм уыди». 15 Систой Ионӕйы ӕмӕ йӕ денджызмӕ фехстой. Абухгӕ денджыз уыйадыл басабыр. 16 Денджызонтыл стыр тас бахӕцыди Дунедарӕджы раз, ӕмӕ нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, ард Ын бахордтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia