Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоел 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы заман Ӕз Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ раздахдзынӕн.

2 Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.

3 Мӕ адӕмыл Мын хӕлттӕ ӕппӕрстой, ӕвзонг лӕппуйы хӕтаг сылыл ивтой, чызджыты-иу сӕныл ауӕй кодтой ӕмӕ-иу нуӕзтой.

4 Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн,

5 уымӕн ӕмӕ Мын Ме ’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм.

6 Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй.

7 Кӕдӕм сӕ ауӕй кодтат, уыцы зӕххӕй сӕ Ӕз фӕстӕмӕ ракӕндзынӕн, ӕмӕ сын цы бавзарын кодтат, уыдӕттӕ уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн.

8 Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты уын иудейӕгты къухтӕм ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уыдон савайӕгтӕн, уӕ зӕххӕй дард цы адӕм цӕрынц, уыдонӕн ауӕй кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

9 Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!

10 Уӕ гутонтӕ батайын кӕнут ӕмӕ сӕ хъаматӕ скӕнут, уе ’хсырфытӕй саразут ӕрцытӕ. Хъару кӕмӕ нӕй, уый зӕгъӕд: «Ӕз дӕн бӕгъатыр!»

11 Сӕ алфамбылай цӕрджытӕ, фӕтагъд кӕнут, иууылдӕр ӕрбамбырд ут! Дунедарӕг, Дӕ хӕстонты ардӕм ракӕн!

12 Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн.

13 Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.

14 Ӕрӕмбырд сты ӕнӕнымӕц адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Бон ӕрбаввахс ис Тӕрхоны дӕлвӕзы.

15 Хур ӕмӕ мӕй рухс нал ратдзысты, стъалытӕ нал сӕрттивдзысты.

16 Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.

17 Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.

18 Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.

19 Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.

20 Иудӕ ӕмӕ Йерусалим мыггагмӕ нӕ фесӕфдзысты.

21 Ӕз сын сӕ маст райсдзынӕн, нӕ ныббардзынӕн. Дунедарӕг ӕрцӕрдзӕн Сионыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan