Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоел 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.

2 Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.

3 Сӕ развӕндагыл бӕстӕ артау судздзӕнис, сӕ фӕстӕ арты ’взӕгтӕ алцы ныхъуырдзысты. Сӕ разӕй зӕхх — Едемы дыргъдон, сӕ фӕстӕ та — ӕдзӕрӕг быдыр. Ничи аирвӕздзӕн уыдонӕй.

4 Сӕ хуыз — бӕхты ӕнгӕс, барджытау згъорынц размӕ.

5 Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.

6 Сӕ уындӕй адӕм фыр тӕссӕй нырриздзысты ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл туджы цъыртт нал баззайдзӕн.

7 Хъӕбысхӕцджытау размӕ бырсынц, хъӕбатыр хӕстонтау сахары сисмӕ сбырыдысты. Алчи дзы йӕ фӕндагыл цӕуы, ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ лӕгӕрдынц.

8 Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн.

9 Базгъордтой сахармӕ, ссыдысты къултыл, хӕдзӕрттӕм бырынц, хуыснӕджытау бахызтысты рудзгуытӕй.

10 Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.

11 Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?

12 Фӕлӕ Дунедарӕг ныр дӕр ма зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм зӕрдиагӕй, ком дарут, кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут.

13 Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.

14 Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.

15 Сыкъауадындзтӕй ныууасут Сионы хохыл, комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый.

16 Фӕсидут адӕммӕ, саразут ӕмбырд, ӕрбахонут зӕрӕдты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Уадз, усгур рацӕуа йӕ уатӕй, чындз рахиза йӕ хатӕнӕй.

17 Сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ, Кувӕндоны бахизӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн дзыназӕнт, лӕгъстӕ кӕнӕнт: «О Дунедарӕг! Ныххатыр кӕн Дӕ адӕмӕн! Дӕ байзӕддаджы худинагӕй бахиз, цӕмӕй адӕмты ’хсӕн хынджылӕггаг ма фӕуой ӕмӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, мачи зӕгъа».

18 Уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йӕ зӕххӕн, ӕркӕсдзӕнис Йӕ адӕммӕ.

19 Дзуапп сын ратдзӕнис ӕмӕ зӕгъдзӕн Йӕ адӕмӕн: «Хор, сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, бафсаддзыстут уӕхи. Ӕцӕгӕлон адӕмтӕн уӕ хынджылӕггаг никуыуал скӕндзынӕн.

20 Цӕгатӕй уӕм чи ’рбабырста, уыдоны дӕр ӕнӕдон, хус зӕхмӕ фӕсурдзынӕн, сӕ раззагдӕр ӕфсад сын Мард денджызы фесафдзынӕн, фӕсте сӕ фӕдыл чи ’рбацӕуы, уыдоны та — Зӕххастӕуы денджызы. Сӕ мӕрдты смаг уӕлдӕфы ахъардзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдбылызтӕ сарӕзтой».

21 Ма тӕрс, Мӕ зӕхх, цин кӕн ӕмӕ рай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ ис ӕппӕт адӕттӕ саразыны хъару.

22 Ма тӕрсут, цӕрӕгойтӕ — тыгъд быдыры сӕрвӕтты ногӕй кӕрдӕг ӕрзайдзӕнис, бӕлӕстыл дыргътӕ фӕзындзысты, легъуитӕ ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ дыргъӕй нал зындзысты.

23 Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.

24 Уӕ хордӕттӕ байдзаг уыдзысты хорӕй, уӕ сӕндуцӕнтӕ — сӕнӕфсиры дон ӕмӕ сойӕ.

25 Мӕтыхтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕй, Ӕз уӕм кӕй арвыстон, уыцы стыр ӕфсад цы азты бӕркад бахордта, уый уын Ӕз баххӕст кӕндзынӕн.

26 Уӕхи бафсаддзыстут ӕмӕ стаудзыстут уӕ Дунедарӕг Хуыцауы ном, уый бӕрц диссӕгтӕ уын Чи сарӕзта, Уый, ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нал сӕгад уыдзысты.

27 Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы ’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты.

28 Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ.

29 Уыцы бонты суанг цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — Ӕз схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй.

30 Равдисдзынӕн диссӕгтӕ арв ӕмӕ зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуымбилтӕ.

31 Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ.

32 Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan