Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоел 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Петуелы фырт Иоелӕн загъта:

2 «Байхъусут, дзыллӕтӕ! Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕ, байхъусут лӕмбынӕг! Ахӕм хъуыддаг уӕ заманы кӕнӕ уӕ фыдӕлты дуджы искуы ӕрцыди?

3 Цы фехъусат, уыдӕттӕ-иу радзурут уӕ цотӕн, цот — сӕ зӕнӕджы зӕнӕгӕн, цоты цот та — ног фӕлтӕрӕн.

4 Иу бал иннӕйы фӕдыл тӕхынц мӕтыхтӕ. Фыццаг ӕрдонгӕй цы аирвӕзти, уыдон аныхъуырдтой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг балтӕ; уыдонӕй ма цы аирвӕзт, уый та — цыппӕрӕм.

5 Райхъал ут, расыггӕнджытӕ! Сӕн уарзджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нал фӕуыдзыстут.

6 Мӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм. Сӕ дӕндӕгтӕ сты домбайы дӕндӕгтау, се ’фсӕртӕ — домбайы ӕфсӕртау.

7 Мӕ сӕндон мын сафтид кодтой, Мӕ легъуи бӕлас Мын ӕрсастой. Йӕ цъар ын растыгътой ӕмӕ йӕ фехстой, сурс сты йӕ къалиутӕ.

8 Ӕрыгон чындзау дӕ уӕлӕ скӕн сӕхъис ӕмӕ дзыназ, ӕвзонгӕй дын цы мой уыд, ууыл!

9 Дунедарӕджы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц, хъарӕг кӕнынц сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ.

10 Сафтид ис быдыр, ӕмӕ зӕхх додой кӕны, уымӕн ӕмӕ хор нал ис, сӕн байсыст, оливӕ бӕлӕстӕ бахус сты.

11 Къӕмдзӕстыгӕй лӕуут, зӕхкусджытӕ, ныддодой кӕнут, сӕндондартӕ, мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхорыл ныккӕут, уымӕн ӕмӕ быдырты бӕркад фесӕфтис.

12 Сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕ, гранатӕй, пальмӕйӕ, фӕткъуыйӕ — иууылдӕр бахус сты быдыры, ӕмӕ адӕм цин нал кӕнынц.

13 Сауджынтӕ, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ дзыназут! Додой кӕнут, нывондхӕссӕны лӕггадгӕнджытӕ! Ӕрбацӕут, мӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕхъисты арвитут уе ’хсӕв! Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц!

14 Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»

15 О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.

16 Нӕхи цӕстӕй йӕ уынӕм, сыдӕй кӕй мӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзарӕй цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕр кӕй нал цӕуы, уый?

17 Хоры гагатӕ зӕххы бын бамбыдысты, сафтид сты хордӕттӕ, нӕ къӕбицтӕ ныппырх сты, уымӕн ӕмӕ хор нӕй.

18 Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.

19 О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзыназын ӕз! Арт аныхъуырдта ӕдзӕрӕг быдыртӕ, басыгъта бӕлӕстӕ.

20 Суанг Дӕм сырдтӕ дӕр дзыназынц, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ байсыстысты, арт фесӕфта ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan