Иоанн 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстТӕригъӕдджын сылгоймаг 1 Йесо та Елеоны хохмӕ ссыди. 2 Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта. 3 Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрбакодтой, хӕзгулимӕ кӕй баййӕфтӕуыд, ахӕм сылгоймаджы. Ӕрлӕууын ӕй кодтой адӕмы раз 4 ӕмӕ Йесомӕ дзурынц: «Ахуыргӕнӕг, ацы сылгоймаджы баййӕфтой хӕзгулимӕ. 5 Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ахӕмты дурты бын фӕкӕнын хъӕуы. Ды та цы зӕгъдзынӕ?» 6 Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста. 7 Куы нал ӕмӕ Йӕ куынӕуал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ сын загъта: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, уый йыл дур фыццаг фехсӕд». 8 Ӕмӕ та ногӕй ӕргуыбыр кодта зӕхмӕ ӕмӕ дарддӕр цыдӕртӕ фыста. 9 Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг. 10 Уӕд Йесо Йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ сылгоймаджы бафарста: «Хорз ус, уыцы адӕм цы фесты? Тӕрхон дын сӕ ничи рахаста?» 11 Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн». Йесо — дунейӕн рухс 12 Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй». 13 Уӕд Ын фарисейтӕ загътой: «Дӕхи тыххӕй Дӕхӕдӕг дзурыс, ӕмӕ Дӕ ныхас ӕцӕг нӕу». 14 Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ Ӕз, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый зонын. Сымах та йӕ нӕ зонут, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый. 15 Сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Ӕз та тӕрхон никӕмӕн кӕнын. 16 Стӕй Ӕз тӕрхон куы кӕнон, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн — Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис. 17 Уе ’Гъдауы дӕр афтӕ фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ. 18 Ӕз Мӕхи тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын, ӕмӕ Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр». 19 Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат». 20 Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд. 21 Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн». 22 Уӕд иудейӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йӕхи марынмӕ хъавы, ӕви? Афтӕ куы зӕгъы: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн“?» 23 Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн. 24 Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут». 25 Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын. 26 Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн». 27 Йӕ Фыды тыххӕй сын кӕй дзуры, уый нӕ бамбӕрстой. 28 Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый. 29 Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын». 30 Йесо уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Ӕцӕг сӕрибар 31 Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут 32 ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн». 33 Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?» 34 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕды чи цӕуы, уый тӕригъӕды цагъар у. 35 Цагъар та йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ. 36 Уӕдӕ уӕ Фырт куы ссӕрибар кӕна, уӕд ӕцӕг сӕрибар уыдзыстут. 37 Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, Ӕз уый зонын, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ ныхас нӕ хъары. 38 Ӕз уын, Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый тыххӕй дзурын, сымах та кӕнут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый». 39 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат. 40 Сымах та Мӕн — Хуыцауӕй ӕцӕгдзинад Чи фехъуыста ӕмӕ уын ӕй Чи загъта, уыцы Адӕймаджы — амарынмӕ хъавут! Авраам афтӕ нӕ кодта. 41 Фӕлӕ сымах уӕ фыды хъуыддӕгтӕ кӕнут». Уыдон Ын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад не стӕм. Иу Фыд нын ис — Хуыцау». 42 Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз рацыдтӕн Хуыцауӕй ӕмӕ уӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста. 43 Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут. 44 Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд. 45 Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй зӕгъын, уый тыххӕй. 46 Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут? 47 Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы, фӕлӕ сымах Хуыцауӕй не стут ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕм нӕ хъусут». Йесо ӕмӕ Авраам 48 Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?» 49 Йесо сын дзуапп радта: «Мӕнмӕ хӕйрӕг ницы бар дары. Ӕз Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут. 50 Уӕвгӕ, Ӕз Мӕхицӕн кад нӕ агурын, фӕлӕ Мын кад Чи агуры, Уый у Тӕрхонгӕнӕг. 51 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн». 52 Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ? 53 Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды Дӕхи кӕуыл нымайыс?» 54 Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн кадгӕнӕг, уӕд Мӕ кад ницы у. Фӕлӕ сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Уый Мӕнӕн у Мӕ Фыд ӕмӕ Мӕ Кадгӕнӕг. 55 Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ Йын Йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын. 56 Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон Мын кӕй фендзӕнис, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ уыди амондджын». 57 Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Дӕуыл дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕр куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы федтай?» 58 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН». 59 Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia