Иоанн 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесойыл йе ’фсымӕртӕ не ’ууӕндынц 1 Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ. 2 Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон. 3 Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Ам мауал лӕуу, Иудеймӕ ацу. Уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уый сӕхи цӕстӕй феной. 4 Номдзыд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ». 5 Суанг ма Йыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты. 6 Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы. 7 Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн. 8 Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд». 9 Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ Йесо баззади Галилейы. Йесо Халагъудты бӕрӕгбоны 10 Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр араст ис уырдӕм, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ — куыд ничи Йӕ базыдтаид, афтӕ. 11 Иудейӕгтӕ Йӕ агуырдтой бӕрӕгбоны ӕмӕ фарстой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?» 12 Йесойы тыххӕй адӕм сусӕгӕй алы ныхас кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Хорз адӕймаг у». Иннӕтӕ та: «Нӕ, Уый адӕмыл сайдӕй цӕуы». 13 Ӕниу, иудейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, Йесойы тыххӕй ӕргомӕй ничи ницы дзырдта. 14 Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыди, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. 15 Иудейӕгтӕ дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ахуыр куы никуы кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд хорз зоны?» 16 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй. 17 Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый. 18 Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй. 19 Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Фӕлӕ уыцы Ӕгъдауы домӕнтӕ сымахӕй ничи ӕххӕст кӕны. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?» 20 Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?» 21 Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрмӕст иу хъуыддаг сарӕзтон, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр дисы бафтыдыстут. 22 Моисей уын радта сунӕты ӕгъдау, — ӕниу, уый Моисейӕ нӕ, — уӕ рагфыдӕлтӕй уын баззад — ӕмӕ адӕймагӕн сабаты сунӕт скӕнут. 23 Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут? 24 Ӕдде цы зыны, уымӕ ма кӕсут, фӕлӕ кӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон». Йесо Чи у, уый фӕдыл быцӕутӕ 25 Йерусалимы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай, марынмӕ кӕй агурынц, уыцы адӕймаг нӕу? 26 Мӕнӕ ӕргомӕй адӕмимӕ ныхас кӕны, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ бӕлвырд базыдтой, Чырысти кӕй у, уый? 27 Фӕлӕ, кӕцӕй у, уый мах зонӕм. Чырысти та, куы ’рцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕни». 28 Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут. 29 Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста». 30 Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд. 31 Адӕмӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?» Йесойы фӕлварынц ӕрцахсын 32 Адӕмы ӕхсӕн Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уый фарисейтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой. 33 Йесо загъта: «Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ — Мӕ Рарвитӕгмӕ ацӕудзынӕн. 34 Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут, ӕмӕ, Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн». 35 Иудейӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уагӕр кӕдӕм у цӕуинаг, мах Ӕй кӕм не ссардзыстӕм? Кӕд, мыййаг, бердзенӕгты ’хсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуынвӕнд кӕны, цӕмӕй уым бердзенӕгты ахуыр кӕна? 36 Цы амонынц Йӕ ацы ныхӕстӕ: „Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут“ ӕмӕ ноджы: „Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн“?» Царды цӕугӕдон 37 Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд. 38 Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ йӕ зӕрдӕйӕ раивылдзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ». 39 Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис. 40 Адӕм ацы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд иутӕ дзырдтой: «Уый, ӕнӕмӕнг, пехуымпар у». 41 Иннӕтӕ: «Уый Чырысти у». Аннӕтӕ та: «Ӕмӕ Чырысти, мыййаг, Галилейӕ ӕрцӕудзӕн? 42 Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?» 43 Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд. 44 Чидӕртӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыд. Иудейы хицӕуттӕ не ’ууӕндынц Йесойыл 45 Хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕрбакодтат?» 46 Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта». 47 Фарисейтӕ сын загътой: «Ау, сымах дӕр афӕлывта? 48 Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыди, мыййаг? 49 Ацы ӕнӕфенд адӕм та Моисейы Ӕгъдауӕн ницы зонынц, ӕлгъыст сты». 50 Фарисейтӕй иу, Никодим, зӕгъгӕ, кӕддӕр Йесомӕ чи бацыди, уый сын загъта: 51 «Не ’Гъдау, адӕймагӕн йӕхимӕ ма байхъус ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый ма базон, афтӕмӕй йын тӕрхон кӕнын амоны, ӕви?» 52 Уый тыххӕй йын загътой: «Ды дӕр Галилейӕ дӕ? Ӕркӕс Фыстмӕ ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ пехуымпар кӕй нӕ рацӕудзӕн, уый». 53 [Ӕмӕ иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты.] |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia