Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фондз мин лӕджы бафсадыны хабар

1 Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.

2 Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.

3 Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым бадти.

4 Ӕрхӕстӕг ис Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.

5 Йесо акаст ӕмӕ, бирӕ адӕм ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадыны фаг кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?»

6 Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕни, уый.

7 Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».

8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта:

9 «Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»

10 Ӕмӕ сын уӕд Йесо афтӕ зӕгъы: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрбадтысты; ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.

11 Йесо райста кӕрдзынтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ адӕмыл райуӕрста. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц.

12 Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ».

13 Ӕрӕмбырд сӕ кодтой ӕмӕ, фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды — хӕрды уӕлдӕйттӕ.

14 Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».

15 Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.


Йесо денджызыл къахӕй цӕуы

16 Куы баизӕр ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныццыдысты денджызмӕ,

17 сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг ис, фӕлӕ Йесо семӕ нӕма уыд.

18 Тыхдымгӕ сыстади, ӕмӕ денджыз абухын райдыдта.

19 Фондз ӕмӕ ссӕдз — дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы адард сты, уӕд Ӕй суыдтой: Йесо, денджызыл къахӕй цӕугӕйӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ фӕтарстысты.

20 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».

21 Фӕндыди сӕ, цӕмӕй Йӕ бӕлӕгъы сбадын кӕной, фӕлӕ бӕлӕгъ тӕккӕ уыцы уысм бахӕццӕ ис, сӕ фӕндаг кӕдӕм уыди, уыцы былгӕронмӕ.


Йесо — ӕнусон царды дзул

22 Денджызы иннӕ былыл чи баззади, уыцы адӕмӕн дыккаг бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, знон былгӕрон иунӕг бӕлӕгъ йеддӕмӕ кӕй нӕ уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ уыцы бӕлӕгъы не сбадти — иунӕгӕй аленк кодтой.

23 Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.

24 Нӕдӕр Йесо, нӕдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым не сты, адӕм уый куы федтой, уӕд сбадтысты бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг бахӕццӕ сты Капернауммӕ.

25 Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ӕй бафарстой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?»

26 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ, кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.

27 Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».

28 Уӕд Ӕй бафарстой: «Нӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн фӕндон куыд уой, уый тыххӕй нын цы гӕнгӕ у?»

29 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын — уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».

30 Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?

31 Зӕгъӕм, нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой, фыст куыд у, афтӕ: „Уӕларвӕй сын дзул радта хӕрынӕн“».

32 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй.

33 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы дзул, уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у».

34 Уӕд Ын загътой: «Хицау, алкӕддӕр нын дӕтт уыцы дзул».

35 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг никуы сыстонг уыдзӕн ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.

36 Фӕлӕ ма уын амӕй размӕ дӕр куы загътон: федтат Мӕ, фӕлӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут.

37 Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.

38 Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.

39 Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.

40 Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».

41 Уӕд Ыл иудейӕгтӕ, «Ӕз уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул дӕн» кӕй загъта, уый тыххӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой.

42 Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»

43 Йесо сын загъта: «Мӕсты ма кӕнут.

44 Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд Мӕм ӕй куынӕ ӕрбакӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

45 Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ.

46 Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.

47 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард.

48 Ӕз дӕн царды дзул.

49 Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой ӕмӕ уӕддӕр амардысты.

50 Уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул та ахӕм у, ӕмӕ дзы чи хӕра, уымӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн.

51 Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул — уӕларвӕй ӕрцӕуӕг. Чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз уын цы дзул ратдзынӕн, уый у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».

52 Уӕд иудейӕгтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕни хӕрынмӕ?»

53 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.

54 Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард, ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

55 Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та — ӕцӕг нозт.

56 Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу ис Мемӕ, ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.

57 Мӕн Мӕ цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, Ӕз хойраг кӕмӕн дӕн, уый дӕр цӕрдзӕни Мӕ фӕрцы.

58 Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ уӕддӕр амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу — чи дзы хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».

59 Йесо уыдӕттӕ дзырдта, Капернаумы синагогӕйы куы амыдта, уӕд.


Ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ ныууагътой Йесойы

60 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»

61 Йесо зыдта, ахуыргӕнинӕгтӕ, Йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, сӕхинымӕр хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?

62 Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыди, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?

63 Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.

64 Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.

65 Ӕмӕ дарддӕр кодта Йӕ ныхас: «Ӕз уын уый тыххӕй загътон, Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд, зӕгъгӕ».

66 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты.

67 Уӕд Йесо бафарста дыууадӕсы: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр Мӕн ныууадзын фӕнды?»

68 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ.

69 Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый».

70 Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».

71 Йесо афтӕ Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, загъта. Уымӕн ӕмӕ Йыл Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, фӕстӕдӕр гадзрахатӕй рацыди.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan