Иоанн 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔндзыгнизӕй рынчын найӕны цур сдзӕбӕх 1 Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ. 2 Йерусалимы, Фысты кулдуары раз, ис найӕн бынат фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ, дзуттагау ӕй хонынц Вефесда. 3 Тыргъты хуыссыди бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны базмӕлдмӕ — 4 Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.] 5 Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг. 6 Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?» 7 Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, дон гуылфӕнтӕ кӕнын куы райдайы, уӕд мӕ найӕнмӕ чи ныйиса, ахӕм мын ничи ис. Цалынмӕ ӕз уырдӕм ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы». 8 Уӕд ӕм Йесо дзуры: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу». 9 Ӕмӕ уыйадыл рынчын адзӕбӕх ис, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ ацыди. Уыцы цау ӕрцыди сабаты. 10 Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх ис, уыцы лӕгӕн иудейӕгтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын не ’мбӕлы». 11 Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“». 12 Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“, уыцы Адӕймаг чи у?» 13 Чи сдзӕбӕх ис, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо, цы бирӕ адӕм дзы уыди, уыдоны ӕхсӕн Йӕхи фӕаууон кодта. 14 Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ». 15 Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейӕгтӕн радзырдта, ме сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ. 16 Уыйадыл иудейӕгтӕ Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй. 17 Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд ӕдзух Йӕ хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». 18 Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Фырты бартӕ 19 Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фырт Йӕхи фӕндӕй ницы саразы, Фыд цы аразы, уый куынӕ уына, уӕд: Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр. 20 Фыд уарзы Фырты ӕмӕ, Йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр кӕны, уый Йын ӕвдисы. Ӕмӕ Йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фенын кӕндзӕн, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут. 21 Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн. 22 Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ тӕрхоны бартӕ иууылдӕр радта Йӕ Фырты къухмӕ, 23 цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы. 24 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ. 25 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты. 26 Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг 27 ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый у Адӕймаджы Фырт. 28 Ма дис кӕнут ууыл; уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон Ын фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, 29 ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдгӕнджытӕ та — ӕфхӕрд баййафынӕн. 30 Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый. Йесойы ӕвдисӕнтӕ 31 Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг куы дзурин, уӕд Мӕ ныхас ӕцӕг нӕ уаид. 32 Фӕлӕ Мын ис ӕндӕр Ӕвдисӕн, ӕмӕ Ӕз зонын: Мӕн тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕг у. 33 Сымах арвыстат Иоаннмӕ, ӕмӕ уый ӕцӕгады тыххӕй загъта. 34 Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат. 35 Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын. 36 Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. 37 Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууы Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат; 38 ӕмӕ Йӕ ныхас уӕ зӕрдӕты нӕй, уымӕн ӕмӕ, Кӕй рарвыста, Ууыл не ’ууӕндут. 39 Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у. 40 Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын. 41 Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы, 42 уымӕн ӕмӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут. 43 Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндут, фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи йӕхи номӕй куы ’рцӕуа, уӕд ууыл та баууӕнддзыстут. 44 Ӕниу Мыл куыд хъуамӕ баууӕндат, кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут? 45 Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Моисей, ныфсджын кӕмӕй стут, уый — уӕ зылынгӕнӕг. 46 Уӕвгӕ, Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста. 47 Ӕмӕ кӕд, Моисей цы ныффыста, ууыл не ’ууӕндут, уӕд Мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia