Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесойы ныхас Никодимимӕ

1 Фарисейты ӕхсӕн уыдис иу адӕймаг, йӕ ном — Никодим, иудейаг хицӕуттӕй иу.

2 Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».

3 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».

4 Никодим бадис кодта: «Карджын адӕймаг ма ногӕй куыд хъуамӕ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?»

5 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: дон ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын.

6 Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.

7 Ма дис кӕн, ногӕй хъуамӕ райгуырат, зӕгъгӕ, дын кӕй загътон, ууыл.

8 Дымгӕ дымы, кӕм ӕй фӕнды, уым, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ, кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр».

9 Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»

10 Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?

11 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах, цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм, цы федтам, уымӕн, сымах та не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут.

12 Ӕз уын, зӕххон цы у, уый тыххӕй загътон, ӕмӕ уӕ куы нӕ уырны, уӕд уын, уӕларвон цы у, уый тыххӕй куы дзурон, уӕд уӕ куыд бауырндзӕн?

13 Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.

14 Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры ӕрхуы калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр хъуамӕ уӕлӕмӕ ист ӕрцӕуа,

15 цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн уа мыггагмӕйы цард.

16 Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.

18 Чи Йыл ӕууӕнды, уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн, чи Йыл не ’ууӕнды, уымӕн та ныридӕгӕн тӕрхон рахастӕуыд, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыди Хуыцауы Иунӕг Фыртыл.

19 Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.

20 Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.

21 Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».


Йесо ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн

22 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Иудейы зӕхмӕ. Уым семӕ иу цасдӕр фӕци ӕмӕ аргъуыдта донӕй.

23 Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ.

24 Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой.

25 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ иу иудейагимӕ фӕбыцӕу сты хи ссыгъдӕг кӕныны фӕдыл.

26 Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».

27 Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон аразын ницы у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд.

28 Ӕз цы дзырдтон, уымӕн уӕхӕдӕг стут ӕвдисӕнтӕ: „Ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ Йӕ разӕй ӕрвыст дӕн“.

29 Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.

30 Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та — къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.


Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг

31 Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый та зӕххон у ӕмӕ ныхас кӕны зӕххонау. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй уӕлдӕр у.

32 Уый, Йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕтты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн, фӕлӕ Йын Йӕ ныхасыл ничи ӕууӕнды.

33 Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй ӕвдисы, Хуыцау ӕцӕг кӕй у, уый.

34 Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.

35 Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.

36 Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan