Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фыццаг ӕвдисӕйнаг Канӕйы: дон фестади сӕн

1 Ӕртыккаг бон галилейаг Канӕйы уыди чындзӕхсӕв, ӕмӕ Йесойы мад уыди уым.

2 Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.

3 Ӕмӕ, сӕн куы фӕци, уӕд Йесойӕн Йӕ мад загъта: «Сӕн сӕм нӕй».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».

5 Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».

6 Иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уым хи цӕхсынӕн лӕууыди, фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ метреты бӕрц кӕм цыди, ахӕм дурӕйконд ӕхсӕз донгарзы.

7 Йесо лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Донгӕрзтӕ донӕй байдзаг кӕнут». Ӕмӕ сӕ байдзаг кодтой сӕ былтӕм.

8 Уӕд та сын Йесо загъта: «Ныр дзы сӕвгӕнут ӕмӕ йӕ фынджы уагдармӕ ахӕссут». Ӕмӕ афтӕ бакодтой.

9 Фынджы уагдар сӕнӕй куы ацахуыста, — ныр, кӕцӕй у, уый та нӕ зыдта, зыдтой йӕ ӕрмӕстдӕр, донгӕрзтӕй дон чи сӕвгӕдта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ, — уӕд фӕдзырдта сиахсагмӕ

10 ӕмӕ йын загъта: «Алчи уал раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы бануазынц, уӕд та — ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».

11 Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.

12 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ мад, Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Капернауммӕ, ӕмӕ дзы цалдӕр боны фесты.


Йесо уӕйгӕнджыты тӕры Кувӕндонӕй

13 Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.

14 Уым Кувӕндоны баййӕфта галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлонуӕйгӕнджыты, стӕй ӕхцаивджыты бадгӕ.

15 Уӕд синагӕй ехс сарӕзта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕд фыстӕ ӕмӕ ӕд галтӕ Кувӕндонӕй ратардта, ӕхцаивджытӕн се ’хца ныппырх кодта, сӕ фынгтӕ сын афӕлдӕхта.

16 Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».

17 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».

18 Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цӕмӕй баууӕндын кӕндзынӕ?»

19 Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».

20 Уӕд Ын иудейӕгтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?»

21 Фӕлӕ Йесо, Кувӕндоны тыххӕй дзургӕйӕ, Йӕ буары кой кодта.

22 Ӕмӕ, мӕрдтӕй куы райгас ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ ӕрлӕууыдысты сӕ зӕрдыл ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл.

23 Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Йерусалимы куы уыди, уӕд цы диссӕгтӕ ӕвдыста, уыдон бирӕтӕ федтой ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты.

24 Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не ’ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр зыдта

25 ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan