Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕд Пилат Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта.

2 Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ йӕ Йесойы сӕрыл ӕрсагътой, сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой.

3 Хӕстӕг-иу Ӕм бацыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.

4 Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».

5 Ӕмӕ сӕм Йесо рацыди — сындзын кады худы ӕмӕ сӕнт сырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ ис уыцы Адӕймаг!»

6 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕнджытӕ куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы азым арын».

7 Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».

8 Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр старсти.

9 Ногӕй та бацыди галуанмӕ ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.

10 Пилат Ын загъта: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? Дӕ рауадзыны бар дӕр ӕмӕ Дӕ байтындзыны бар дӕр мӕнмӕ кӕй ис, уый нӕ зоныс?»

11 Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».

12 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейӕгтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».

13 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.

14 Уый уыди Куадзӕны размӕ бон, ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Пилат иудейӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»

15 Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».

16 Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.


Йесойы байтыгътой

17 Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.

18 Уыцы ран Ӕй дыууӕ ӕндӕр ахӕстимӕ, уыдон — Йӕ фӕйнӕфарс, Уый — астӕуӕй, афтӕмӕй дзуарыл байтыгътой.

19 Пилат дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыйын кодта ахӕм фыстимӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».

20 Иудейӕгтӕй йӕ бирӕтӕ бакастысты, уымӕн ӕмӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл.

21 Иудейаг хистӕр сауджынтӕ Пилатӕн дзырдтой: «Ма ныффыс: „Иудейаг Паддзах“. Ныффысс афтӕ: „Ацы лӕг йӕхи хуыдта иудейаг Паддзах“».

22 Пилат сын загъта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».

23 Ӕфсӕддонтӕ Йесойы куы байтыгътой, уӕд Ын Йӕ дарӕстӕ райстой ӕмӕ сӕ цыппар дихы акодтой — алы ӕфсӕддонӕн дӕр иу хай. Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уафт уыди.

24 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра нӕ кӕмӕ ӕрхауид». Уымӕн ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се ’хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕфсӕддонтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой.

25 Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ мад, Йӕ мады хо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.

26 Йесо Йӕ мады, стӕй Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы дӕр уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ мадӕн загъта: «Уӕ сылгоймаг, мӕнӕ уый — дӕ лӕппу».

27 Стӕй Йӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Мӕнӕ уый — дӕ мад!» Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ мад царди ахуыргӕнинаджы хӕдзары.


Йесойы мӕлӕт

28 Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».

29 Туаг сӕны дзаг дурын дзы уыди, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ хырыз комраз сӕны атылдтой, иссопы къалиуыл ӕй ӕрсагътой ӕмӕ Йын ӕй Йӕ дзыхмӕ схастой.

30 Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.


Ӕфсӕддон Йесойы буар арцӕй барӕхуыста

31 Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл ауыгъдӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабаты стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын.

32 Уӕд ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ, Йесоимӕ тыгъд чи уыди, уыдонӕй фыццаг иуӕн, стӕй та иннӕмӕн асастой сӕ зӕнгтӕ.

33 Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ Йӕ мардӕй куы федтой, уӕд Ын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой.

34 Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.

35 Уымӕн ӕвдисӕн лӕууы уый йӕхи цӕстӕй фенӕг. Йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны, ӕцӕгдзинад кӕй дзуры, уый, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат.

36 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн».

37 Сыгъдӕг Фысты ма загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты».


Йесойы баныгӕд

38 Уый фӕстӕ аримафейаг Йосеф (уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ не ’ргом кодта, уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕй тарсти) бахатыди Пилатмӕ, цӕмӕй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Йосеф ацыд ӕмӕ Йесойы мард ахаста.

39 Ӕрцыди Никодим дӕр — кӕддӕр ӕхсӕвыгон Йесомӕ чи ӕрбацыди, уый — ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — смирнӕ ӕмӕ алой иумӕ хӕццӕйӕ.

40 Уыдон Йесойы мард, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтимӕ гӕнӕй уӕфт мӕрддзӕгты батыхтой.

41 Йесойы дзуарыл кӕм байтыгътой, уым уыди дыргъдон, дыргъдоны та — ӕвӕрд кӕм ничима уыди, ахӕм ног зӕппадз.

42 Иудейаг сабатмӕ бирӕ кӕй нал баззад, зӕппадз та хӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йесойы уым бавӕрдтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan