Иоанн 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесойы ӕрцахстой 1 Йесо куы скуывта, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст сты Кедроны тӕрфы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ уым дыргъдонмӕ бацыдысты. 2 Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр — Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты. 3 Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ. 4 Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?» 5 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Йесо сын загъта: «Уый Ӕз дӕн». Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр семӕ уыд. 6 Йесо сын афтӕ куы загъта: «Уый Ӕз дӕн», уӕд фӕстӕдӕр алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты. 7 Уый та сӕ ногӕй бафарста: «Кӕй агурут?» Дзуапп та Йын радтой: «Назаретаг Йесойы». 8 Йесо сын загъта: «Ӕмӕ уын ныридӕгӕн куы загътон, уый Ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, кӕд Мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут ӕмӕ ацӕуой». 9 Йесо сын афтӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сӕххӕст уа Йӕ ныхас: «Ды Мын кӕй радтай, уыдонӕй Ӕз никӕй фесӕфтон». 10 Симон Петрмӕ уыди кард, фелвӕста йӕ, алчеры цагъары дзы ныццавта ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарӕн йӕ ном уыди Малх. 11 Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?» Йесойы акодтой алчермӕ 12 Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой. 13 Фыццаг уал Ӕй акодтой Аннамӕ — Каиафӕйы каисмӕ. Каиафӕ та уыцы аз уыдис алчер. 14 Уый уыди, иудейӕгтӕн афтӕ чи бауынаффӕ кодта, адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд хуыздӕр у, зӕгъгӕ, уыцы Каиафӕ. Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл 15 Симон Петр ӕмӕ ма ноджы иу ахуыргӕнинаг ацыдысты Йесойы фӕдыл. Уыцы ахуыргӕнинаг зонгӕ уыд алчеримӕ ӕмӕ Йесоимӕ бацыд алчеры кӕртмӕ. 16 Петр та лӕууыди дуары ӕдде. Алчеримӕ зонгӕ чи уыд, уыцы ахуыргӕнинаг рацыд, загъта дуаргӕс сылгоймагӕн ӕмӕ Петры мидӕмӕ бакодта. 17 Дуаргӕс сылгоймаг Петры бафарста: «Ды дӕр, мыййаг, уыцы Адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Петр загъта: «Нӕ дӕн». 18 Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ арт скодтой, йӕ алыварс слӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта. Алчеры фӕрстытӕ Йесомӕ 19 Ныр алчер та Йесойы фарста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй. 20 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон. 21 Цӕмӕн мӕ фӕрсыс? Чи Мӕм хъуыста, уыдоны бафӕрс, цы сын дзырдтон, уымӕй. Уыдон ӕй зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый». 22 Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ын хъахъхъӕнджытӕй иу — хӕстӕг Ӕм чи лӕууыди, уый — Йӕ цӕсгом ныццавта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?» 23 Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты фӕрӕдыдтӕн, уӕд ӕй зӕгъ. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?» 24 Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ. Петр ногӕй йӕхи атигъ кодта Йесойыл 25 Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Фарстой йӕ: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн». 26 Алчеры цагъартӕй иу, — Петр йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уымӕн йӕ хӕстӕг, — Петрӕн загъта: «Дыргъдоны Йемӕ дӕу нӕ федтон, ӕви?» 27 Петр та Йыл нӕ басасти. Тӕккӕ уыцы уысм уасӕг ныууасыд. Пилаты тӕрхон 28 Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла. 29 Пилат сӕм рацыд ӕмӕ загъта: «Цӕмӕй азымджын кӕнут ацы Адӕймаджы?» 30 Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд дын Ӕй дӕ къухмӕ нӕ раттаиккам». 31 Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн нӕй искӕмӕн тӕрхон рахӕссыны бар». 32 Уыцы ныхас рауади, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йесо фӕсномыгӕй Йӕ мӕлӕты тыххӕй рагацау цы загъта, уый. 33 Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, фӕсидти Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?» 34 Йесо дзуапп радта: «Дӕхи хъуыды зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?» 35 Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?» 36 Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу». 37 Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы». Марыны тӕрхон 38 Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын. 39 Сымахмӕ ис ӕгъдау, цӕмӕй уын Куадзӕны иу ахст адӕймаджы ахӕстонӕй ссӕрибар кӕнон. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?» 40 Фӕлӕ уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый — нӕ! Вараввӕйы рауадз!» Уыцы Вараввӕ та абырӕг уыди. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia