Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз уын адӕттӕ уымӕн загътон, цӕмӕй ма фӕтасат.

2 Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.

3 Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.

4 Фӕлӕ уын Ӕз адӕттӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй, уыцы заман куы ралӕууа, уӕд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, Ӕз уӕ рагацау кӕй фӕдзӕхстон, уый. Раздӕр уын ӕй нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ Мӕхӕдӕг уемӕ уыдтӕн.


Ӕцӕгады Уд

5 Ныр та цӕуын Мӕ Рарвитӕгмӕ, ӕмӕ Мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ,

6 уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕм уӕ зӕрдӕтӕ хъынцъым кӕнынц.

7 Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.

8 Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.

9 Тӕригъӕд уый мидӕг ис, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндынц.

10 Рӕстад уый мидӕг ис, ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын ӕмӕ Мӕ нал фендзыстут.

11 Тӕрхон уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тӕрхонгонд ӕрцыд.

12 Сымахӕн ма мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ нырма уӕ бон бамбарын нӕ бауыдзӕн.

13 Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.

14 Уый Мын скад скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, Мӕнӕй цы фехъуса, уый.

15 Фыдмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Мӕн у, ӕмӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Сыгъдӕг Уд уын, Мӕнӕй цы фехъуса, уый фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ.


Хъыг раивдзӕни цинӕй

16 Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут».

17 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи, дисгӕнгӕ, фарстой: «Уый нын цытӕ дзуры, рӕхджы, дам, Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут, стӕй, Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын, зӕгъгӕ?»

18 Ноджы ма дзырдтой: «Цавӕр „рӕхджыйы“ кой кӕны? Цы нын зӕгъы, уый не ’мбарӕм».

19 Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?

20 Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.

21 Аргӕ-арын сылгоймаг хъизӕмар фӕкӕны, фӕлӕ, куы ныййары, уӕд дзы фыр цинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд.

22 Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.

23 Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.

24 Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


Йесо дунейыл фӕуӕлахиз

25 Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.

26 Уыцы бон Уымӕй, Мӕ ном ссаргӕйӕ, курдзыстут, ӕмӕ уын Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Мӕ Фыдӕн лӕгъстӕ нӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

27 Уымӕн ӕмӕ уӕ Мӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы, Мӕн кӕй бауарзтат ӕмӕ, Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй.

28 Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ; ныр ӕй уадзын ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».

29 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.

30 Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».

31 Йесо сын дзуапп радта: «Ныр баууӕндыдыстут?

32 Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.

33 Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan