Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Чырысти — сӕнӕфсиры Тала

1 Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.

2 Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.

3 Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы Дзырдӕй.

4 Ут Мемӕ, ӕмӕ уӕд Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Сӕнӕфсиры талайыл къалиу куынӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куынӕ уат, уӕд.

5 Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.

6 Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.

7 Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.

8 Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.

9 Мӕ Фыд Мӕн куыд уарзы, Ӕз дӕр сымах афтӕ бауарзтон. Уӕдӕ хайджын ут Мӕ уарзтӕй.

10 Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.

11 Ӕз уын адӕттӕ загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уат ӕмӕ уӕ циндзинад уа ӕххӕст.

12 Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ уарзут кӕрӕдзийы.

13 Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.

14 Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.

15 Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.

16 Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.

17 Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы.


Дунейы ӕнӕуынондзинад Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм

18 Ацы дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд-иу ӕй зонут — сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.

19 Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.

20 Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.

21 Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.

22 Ӕз куы не ’рцыдаин ӕмӕ сын куынӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕд ницӕмӕйуал сраст кӕндзысты.

23 Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны.

24 Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.

25 Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.

26 Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.

27 Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan