Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иоанн 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесо — Уӕларвон Фыдмӕ Фӕндаг

1 Мацӕуыл мӕт кӕнут. Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут.

2 Мӕ Фыды хӕдзары бирӕ бынӕттӕ ис. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын нӕ загътаин: „Ӕз цӕуын бынат уын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ“.

3 Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ райсдзынӕн Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.

4 Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымах фӕндаг зонут».

5 Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»

6 Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.

7 Сымах Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат. Ӕмӕ Йӕ нырӕй фӕстӕмӕ зонгӕ дӕр кӕнут ӕмӕ Йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат».

8 Филипп Ын загъта: «Хицау, равдис нын Дӕ Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕни».

9 Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“?

10 Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын — Мемӕ иу Чи у, Уыцы Фыд аразы Йӕ хъуыддӕгтӕ.

11 Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Науӕд та Мыл Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут.

12 Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый араздзӕн, Ӕз кӕй аразын, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын дӕр бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕуын Мӕ Фыдмӕ.

13 Ӕмӕ, Мӕ ном ссаргӕйӕ, цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыды кад раргом уа.

14 Мӕ ном ссаргӕйӕ, цы ракурат, уын уый Ӕз ратдзынӕн.


Фыд рарвитдзӕн Рӕвдауӕджы

15 Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.

16 Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —

17 Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Ӕй райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕни.

18 Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн.

19 Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.

20 Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.

21 Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».

22 Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?»

23 Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.

24 Мӕн чи нӕ уарзы, уый Мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мӕнӕй нӕ, фӕлӕ Мӕ рарвитӕг Фыдӕй у.


Сыгъдӕг Уд рарвитынӕй зӕрдӕбавӕрд

25 Адӕттӕ уын загътон, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ.

26 Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.

27 Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.

28 Сымах фехъуыстат, Ӕз уын цы загътон, уый: „Ӕз цӕуын, фӕлӕ та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн“. Куы Мӕ уарзиккат, уӕд, Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл цин кӕниккат, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй уӕлдӕр у.

29 Уыдӕттӕ нӕма ӕрцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз ныридӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй, куы ӕрцӕуой, уӕд Мыл баууӕндат.

30 Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ис ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,

31 фӕлӕ, Ӕз Фыды кӕй уарзын ӕмӕ Мын Фыд куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕй кӕнын, уый дуне хъуамӕ базона. Ныр сыстут, ӕмӕ ардыгӕй ацӕуӕм.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan