Иоанн 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесо — ӕцӕг фыййау 1 «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у. 2 Дуарыл бацӕуӕг та фыстӕн сӕ фыййау у. 3 Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ. 4 Ӕмӕ Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй, уыдон та цӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц. 5 Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс нӕ зонынц». 6 Йесо сын ракодта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй ӕрхаста, уый нӕ бамбӕрстой. 7 Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн. 8 Мӕ размӕ-иу сӕм чи ӕрцыди, уыдон иууылдӕр давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ уыдысты, фӕлӕ сӕм фыстӕ нӕ байхъуыстой. 9 Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни. 10 Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ. 11 Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд. 12 Ӕххуырст та фыййау нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы куы фены, уӕд сӕ фӕуадзы ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййы; бирӕгъ балӕбуры фыстӕм ӕмӕ алырдӕм ныххӕлиу вӕййынц. 13 Ӕххуырст алидзы, уымӕн ӕмӕ уый ӕххуырст у ӕмӕ йӕ фысты мӕт нӕй. 14 Ӕз дӕн хорз фыййау, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц. 15 Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын Мӕ фысты сӕраппонд. 16 Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни. 17 Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон. 18 Ничи Мын ӕй исы, Мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Мӕхи бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд». 19 Ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр та иудейӕгтӕм иу хъуыды нал уыд. 20 Иутӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджыты сайд у ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Цы йӕм хъусут?» 21 Иннӕтӕ семӕ нӕ разы кодтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон кӕцӕй у?» Иудейаг хицӕуттӕ сӕхи атигъ кодтой Йесойыл 22 Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон. Уыди зымӕг. 23 Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы. 24 Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ». 25 Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон Мын сты ӕвдисӕн. 26 Фӕлӕ не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ сымах — куы ма уын ӕй загътон — Мӕ фыстӕй не стут. 27 Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл. 28 Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард — уыдонӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕни Мӕ къухӕй. 29 Уыдон Мын Мӕ Фыд радта, Мӕ Фыдӕй уӕлдӕр та нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у. 30 Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм». 31 Ӕмӕ та иудейӕгтӕ ногӕй дуртӕм фӕлӕбурдтой, дурты бын Ӕй фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ. 32 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?» 33 Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй». 34 Йесо сын загъта: «Уе ’Гъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут“? 35 Хуыцауы дзырд кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй, 36 уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй? 37 Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ кӕны, кӕд Ӕз дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, уӕд Мыл ма ӕууӕндут. 38 Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый». 39 Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй. 40 Ӕмӕ та ногӕй ацыди Иорданы фаллаг фарсмӕ, уымӕй размӕ Иоанн донӕй кӕм аргъуыдта, уырдӕм; ӕмӕ иу цасдӕр уым фӕци. 41 Бирӕ адӕм ӕм цыди ӕмӕ дзырдтой, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ, ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты, зӕгъгӕ. 42 Ӕмӕ Йыл уым бирӕтӕ баууӕндыдысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia