Иоанн 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБацӕуӕн хай. Царды Дзырд 1 Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. 2 Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ. 3 Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. 4 Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс. 5 Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых ис. 6 Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн. 7 Уый ӕрцыдис ӕвдисӕнӕн, цӕмӕй зӕгъа Рухсы тыххӕй ӕмӕ Йыл адӕм иууылдӕр баууӕндой йӕ фӕрцы. 8 Уый йӕхӕдӕг Рухс нӕ уыд, фӕлӕ ӕрвыст уыди Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ. 9 Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм. 10 Уый уыдис, Йӕ фӕрцы чи фӕзынди, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта. 11 Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой. 12 Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар. 13 Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты. 14 Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый. 15 Иоанн Ын ӕвдисӕн лӕууы ӕмӕ хъӕрӕй сиды: «Уый у, ӕз афтӕ Кӕмӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“». 16 Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон ӕххӕстдзинадӕй мах не ’ппӕт дӕр хорзӕх хорзӕхы фӕдыл райстам, 17 уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти. 18 Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта. 19 Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой, 20 уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта: «Чырысти нӕ дӕн». 21 Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа дӕ?» Уый сын загъта: «Нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн». 22 Бафарстой та йӕ: «Уӕдӕ чи дӕ? Цы дзуапп раттӕм нӕ рарвитджытӕн? Дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?» 23 Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“». 24 Кӕй Йӕм арвыстой, уыдон та уыдысты фарисейтӕ. 25 Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?» 26 Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе ’хсӕн лӕууы иу Чидӕр, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый — 27 мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн». 28 Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым. 29 Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый. 30 Ай тыххӕй уын загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Адӕймаг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“. 31 Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Йӕ Израилӕн раргом кӕнон». 32 Ӕмӕ Иоанн, ӕвдисӕн лӕугӕйӕ, дзырдта: «Ӕз федтон, Сыгъдӕг Уд уӕларвӕй бӕлоны хуызы Уымӕ куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ Йемӕ куыд баззади, уый. 33 Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“. 34 Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын». 35 Дыккаг бон дӕр та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ. 36 Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк». 37 Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл. 38 Йесо фӕстӕмӕ куы фӕзылд ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон дӕр Ӕй бафарстой: «Равви (ома Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?» 39 Уый сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ йӕ фендзыстут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ федтой, Йесо кӕм цӕры, уый. Ӕмӕ уыцы бон уым Йемӕ баззадысты. Уыди дӕс сахатмӕ ӕввахс. 40 Иоаннӕй Йесойы кой чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыди, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр. 41 Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома Чырыстийы). 42 Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр). 43 Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ». 44 Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй. 45 Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты». 46 Нафанаил ын дзуапп радта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен». 47 Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый». 48 Нафанаил Ӕй бафарста: «Ды мӕ кӕцӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм нӕма фӕдзырдта, афтӕ дӕ Ӕз федтон легъуи бӕласы бын». 49 Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!» 50 Йесо йын дзуапп радта: «Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ дын загътон: „Ӕз дӕ федтон легъуи бӕласы бын“. Фендзынӕ ма уымӕй фылдӕр». 51 Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia