Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзӕхты ӕмӕ стыр хицӕутты стджытӕ, стӕй сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты стджытӕ ингӕнтӕй раппардзысты.

2 Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.

3 Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

4 Зӕгъ сын: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ау, адӕймаг куы ’рхауа, уӕд фӕстӕмӕ сыстыныл нӕ архайдзӕн; йӕ фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уый фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы?

5 Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.

6 Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.

7 Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!

8 Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой!

9 Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?

10 Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.

11 Ӕнӕсӕрфатӕй дзӕбӕх кӕнынц Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.

12 Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.

13 Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн».

14 «Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.

15 Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!

16 Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».

17 «Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг.

18 «О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!

19 Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»

20 «Хуымгӕрдӕн афон нал у, сӕрд фӕци, фӕлӕ мах нӕма фервӕзтыстӕм».

21 «Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд.

22 Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan