Йеремиа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт! 2 Ӕз фесафдзынӕн Сионы чызджы, буцхаст ӕмӕ рӕсугъд чи у, уый. 3 Ӕд рӕгъӕуттӕ йӕм ӕрбацӕудзысты фыййӕуттӕ, йӕ алыварс айтындздзысты сӕ цатыртӕ; алчидӕр дзы йӕ фос хиздзӕн йӕхи зӕххы хайыл». 4 «Уӕхи срӕвдз кӕнут йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ! Сыстут, ӕмбисбон араст уыдзыстӕм!» — «Нӕй гӕнӕн, бон фӕфӕуы, изӕры аууӕттӕ ӕрбадтысты!» — 5 Сыстут ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв ацӕуӕм, ныппырх ын кӕнӕм йӕ фидӕрттӕ! 6 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй. 7 Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ! 8 Йерусалим, дӕхи ӕрӕмбар, цӕмӕй дӕ Ме ’ргом ма аздахон ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр ма фестын кӕнон!» 9 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Израилӕй ма цы баззади, уыдон иууылдӕр сӕнӕфсирау, фӕстаг гагайы онг, ӕртондзысты. Сӕнӕфсир тонӕгау къалиутӕм баиваз дӕ къух!» 10 Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у. 11 Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты. 12 Сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ ӕцӕгӕлӕтты хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххы цӕрджыты ныхмӕ Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 13 Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ. 14 Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. 15 Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг. 16 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“. 17 Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“. 18 Уӕдӕ байхъусут, адӕмтӕ! Ӕмбырды адӕм, базонут, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый! 19 Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой. 20 Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ». 21 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты». 22 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты! 23 Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!» 24 Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм. 25 Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас! 26 Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг. 27 «Йеремиа, Ӕз дӕуӕй сарӕзтон згъӕртайынгӕнӕг, мӕ адӕмӕй та — згъӕрдур, цӕмӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕй аргъ сты, уый базонай. 28 Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты. 29 Куырдадзтӕ сзынг сты, зды батадис арты, фӕлӕ згъӕртайынгӕнӕг дзӕгъӕлы архайдта, — фыдгӕнджытӕ нӕ фӕхицӕн сты. 30 Хъодыгонд ӕвзист сӕ схондзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia