Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ ссӕдз азы. Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг, йӕ ном — Хамутал.

2 Цедекиа дӕр Иоакимау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттыл бафтыд.

3 Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ӕмӕ сыл Йӕхи атигъ кодта. Цедекиа Вавилоны паддзахы ныхмӕ сыстад.

4 Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта.

5 Сахар знӕгты ахӕсты уыди Цедекиайы хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ.

6 Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди.

7 Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.

8 Халдейӕгты хӕстонтӕ паддзах Цедекиайы фӕсте расырдтой ӕмӕ йӕ Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕныл баййӕфтой. Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр алырдӕмты фӕлыгъдысты,

9 йӕхи та йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзахмӕ, Хаматы зӕхмӕ, Ривлайы сахармӕ. Уым ын паддзах Навуходоносор стӕрхон кодта.

10 Ривлайы сахары Вавилоны паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты йӕхи раз амарын кодта, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.

11 Уый фӕстӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахта ӕмӕ йӕ хъадаманты акодта Вавилонмӕ. Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ ахӕстоны фӕдардта.

12 Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.

13 Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта.

14 Хъахъхъӕнджыты хицауимӕ цы халдейаг хӕстонтӕ уыди, уыдон Йерусалимы систӕ дӕр ныззыгуым кодтой.

15-16 Мӕгуыртӕй иуӕй-иуты ӕмӕ, сахары цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, стӕй Вавилоны паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдоны хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иууылдӕр уацары акодта. Ӕрмӕст ма сӕндӕтты ӕмӕ быдырты кусынӕн мӕгуыртӕй иу цасдӕр ныууагъта.

17 Халдейӕгтӕ ныппырх кодтой Дунедарӕджы хӕдзары ӕрхуы цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ ӕмӕ ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр аластой Вавилонмӕ.

18 Ноджы ма райстой ӕгтӕ, ӕвгӕнӕнтӕ, ӕртыскӕнтӕ, кӕхцытӕ, куыситӕ — кувыны рӕстӕг цы мигӕнӕнтӕй пайда кодтой, уыдон иууылдӕр.

19 Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.

20 Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.

21 Дыууӕ цӕджындзӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Мидӕгӕй уыдысты афтид, сӕ къултӕ та — цыппар ӕнгуылдзы фӕтӕнӕн.

22 Цӕджындзты сӕртыл уыди ӕрхуы кады худтӕ, алкӕцыйӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. Кады худты алыварс — ӕрхуы хызӕг ӕмӕ гранаты дыргътӕ, уыдон дӕр — ӕрхуыйӕ конд.

23 Цӕджындзты фӕрстыл уыди нӕуӕдз ӕхсӕз гранаты, ӕдӕппӕтӕй та хызӕгты алыварс — фӕйнӕ сӕдӕйы.

24 Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны.

25 Ноджы ма сахарӕй ракодта ӕфсӕддон хицауы, паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сахары чи баззад, уыцы авд лӕджы ӕмӕ, бӕстӕйы цӕрджыты ӕфсадмӕ чи фыста, уыцы нымӕрдары, стӕй ма, бӕстӕйы адӕмӕй сахары кӕй ссардта, уыцы ӕхсай лӕджы.

26 Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ ӕрбакодта Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзахмӕ.

27 Ӕмӕ Вавилоны паддзах Ривлайы сахары, Хаматы бӕстӕйы, се ’ппӕты дӕр амарын кодта. Афтӕ иудейӕгтӕ ӕрвыст ӕрцыдысты сӕ зӕххӕй.

28 Навуходоносор йӕ хицаудзинады ӕвдӕм аз уацары райста ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ иудейаджы,

29 Навуходоносор ӕстдӕсӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд та Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты астсӕдӕ ӕртын дыууӕ адӕймаджы.

30 Дыууын ӕртыккӕгӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ма хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иудейӕгтӕй ноджыдӕр уацары райста авдсӕдӕ цыппор фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕтӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ.

31 Иудейаг паддзах Йехониа ӕртын ӕвдӕм аз уацары куы уыди, уӕд Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси Евил-Меродах. Дыууадӕсӕм мӕйы дыууын фӕндзӕм бон Иудейы паддзах Иоакимы йӕ хорзӕхы аккаг скодта ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй рауагъта.

32 Йемӕ хӕларӕй дзырдта ӕмӕ йӕ Вавилоны иннӕ паддзӕхтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта.

33 Иоакимӕн йӕ ахӕстоны дарӕс раивын кодта, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ паддзахимӕ иу фынгыл бадти.

34 Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ вавилойнаг паддзах иу бон дӕр хъуаг ницӕмӕй ныууагъта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan