Йеремиа 51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Вавилон ӕмӕ Лев-Камайы цӕрджыты ныхмӕ тыхджын дымгӕ сыстын кӕндзынӕн. 2 Вавилонмӕ ӕцӕгӕлӕтты арвитдзынӕн, ӕмӕ йӕ уыдон дымгӕмӕ ныддардзысты. Йӕ зӕхх ын сафтид кӕндзысты, йӕ фыдбылызы бон ыл алырдыгӕй ӕртыхсдзысты. 3 Фатӕхсӕг йе ’рдын саразӕд фатӕхсджыты, згъӕрхӕдӕттӕ чи скодта, уыдоны ныхмӕ! Сӕ лӕппутӕн сын ма тӕригъӕд кӕнут, се ’фсӕддонты сын иууылдӕр ныццӕгъдут! 4 Уадз, халдейӕгты зӕххыл мӕрдтӕ лӕзӕрой, ӕмӕ, фатӕй мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уыдон фӕндӕгтыл баззайой! 5 Уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудейы нӕ ныууагъта сӕ Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, кӕд сӕ зӕхх Израилы Уаз Хуыцауы раз тӕригъӕдӕй йедзаг у, уӕддӕр. 6 Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн. 7 Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты. 8 Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа». 9 «Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис». 10 «Сраст нӕ кодта Дунедарӕг! Цомут ӕмӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъуыддӕгтӕ Сионы фехъусын кӕнӕм». 11 Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн. 12 Уӕ тырыса сисут Вавилоны систы ныхмӕ! Уӕ хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ фӕхуыздӕр кӕнут, хъалагъурты ӕрлӕууын кӕнут, рӕсӕнты бабадут! Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый бакӕндзӕн, Вавилоны цӕрджыты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн. 13 Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ. 14 Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта Йӕхицӕй: «Ӕз дӕ мӕтыхтау адӕмӕй байдзаг кӕндзынӕн, сӕ уӕлахизы хъӕр райхъуысдзӕн дӕ сӕрмӕ». 15 Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ. 16 Уый куы фӕзӕгъы, уӕд рауары къӕвда, зӕххы кӕрӕттӕй ӕрбамбырд кӕны мигътӕ. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Йӕ фӕндонӕй ферттивы арв, Йе ’мбӕхсӕнтӕй рауадзы дымгӕ. 17 Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй. Алы згъӕртайынгӕнӕг дӕр йӕхи худинаг кӕны йӕ джиппыуагъд гуымирытӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хуыцаугӕндтӕ мӕнг сты, уд сӕ нӕй. 18 Уыдон сты ницӕйаг ӕмӕ худӕг, сӕ тӕрхоны заман иууылдӕр фесӕфдзысты. 19 Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 20 «Ды Мӕ дзӕбуг дӕ, Мӕ тохгӕнӕн хӕцӕнгарз! Ӕз-иу дӕуӕй басастон адӕмты, паддзахӕдтӕ-иу бабын кодтон. 21-22 Бӕхӕй, бӕхджынӕй, уӕрдонӕй, бӕхтӕрӕгӕй, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕронд лӕгӕй, сывӕллонӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй — дӕуӕй-иу сӕ ныддӕрӕн кодтон. 23 Фыййауы ӕд рӕгъау, зӕхкусӕджы ӕд галтӕ, бӕстӕйы зылдтӕ ӕмӕ сахарты хицӕутты-иу дӕуӕй ныддӕрӕн кодтон». 24 Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг. 25 О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн. 26 Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. 27 Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут! 28 Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ срӕвдз кӕнут адӕмты: Мидийы паддзӕхтӕ, сӕ барджынтӕ ӕмӕ сӕ сахарты хицӕутты, стӕй, сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ ис, уыдоны цӕрджыты. 29 Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ. 30 Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой. 31 Фӕдисон ивы фӕдисоны, фидиуӕг — фидиуӕджы, цӕмӕй Вавилоны паддзахӕн фехъусын кӕной, йӕ сахар иууылдӕр знаджы къухмӕ кӕй бахауд, 32 знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ. 33 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн». 34 Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта. 35 Сионы чызг зӕгъдзӕн: «Аргӕвста мӕ Вавилон!» Йерусалим дӕр дзурдзӕн: «Халдейӕгтӕ сӕхи самӕстой мӕ тугӕй». 36 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ сӕрыл рахӕцдзынӕн, дӕ маст дын райсдзынӕн. Ӕз сын сӕ денджыз ӕмӕ сӕ цӕугӕдӕттӕ байсысын кӕндзынӕн. 37 Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн. 38 Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты. 39 Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. — 40 Уӕрыччытӕ, сӕгътӕ ӕмӕ фыстау сӕ акӕндзынӕн ӕргӕвдынмӕ». 41 Уӕ, мӕнӕ куыд бацахстой Шешах, ӕгас дунейы кад куыд басастой! Адӕмтыл тас бахӕцыд, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ. 42 Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ. 43 Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис. 44 Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты. 45 О мӕ адӕм, рацӕут Вавилонӕй! Дунедарӕджы стыр мастӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕнут! 46 Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты. 47 Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз вавилойнаг гуымирыты ныззыгуым кӕндзынӕн. Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр фӕхудинаг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕ мӕрдтӕ лӕзӕрдзысты. 48 Арв, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныццин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Вавилонмӕ цӕгатӕй фӕзындзысты дӕрӕнгӕнджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — 49 Бабын уыдзӕн Вавилон, уымӕн ӕмӕ уый израилӕгты мардта, ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы фӕцагъта. 50 О, карды цӕфӕй чи аирвӕзт, уыдон! Цӕугӕут, мауал кӕнут фӕстиат! Ма-иу ферох кӕнут Дунедарӕджы дард бӕстӕйы, Йерусалим уӕ зӕрдӕты ӕрцӕрӕд. 51 Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм. 52 «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Вавилоны гуымирыты бафхӕрдзынӕн, ӕгас бӕстӕйы цӕфты хъӕрзын хъуысдзӕн. 53 Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. 54 Вавилонӕй райхъуысдзӕн ӕрдиаг, халдейӕгты зӕххӕй — ӕбуалгъ сӕфты уынӕр. 55 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Вавилоны бӕстӕ сафтид кӕндзӕн, йӕ сӕрыстыр хъӕлӕс ын бамынӕг кӕндзӕн. 56 Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн. 57 «Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг». 58 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн». 59-61 Иудейы паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ӕм сӕйраг лӕггадгӕнӕгӕй куыста Махсейы фырты фырт, Нериайы фырт Серай. Пехуымпар Йеремиа, Вавилоныл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид — Вавилоны бӕстӕйы тыххӕй уӕлдӕр цы загъдӕуыд, уыдон иууылдӕр хицӕн чиныджы ныффыста ӕмӕ Серайӕн бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Вавилонмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ацы ныхӕстӕ иууылдӕр бакӕс. 62 Зӕгъ-иу: „О Дунедарӕг! Ды сфӕнд кодтай ацы бынат фесафын, цӕмӕй дзы адӕм дӕр ӕмӕ сырдтӕ дӕр макуыуал ӕрцӕрой, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыр феста“. 63 Куыддӕр чиныг бакӕсай, афтӕ-иу ыл дур бабӕтт ӕмӕ йӕ Евфраты астӕумӕ фехс. 64 Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia