Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!

2 Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты».

3 О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!

4-5 Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се ’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ.

6 Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».

7 «Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты.

8 Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ.

9 Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?

10 Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.

11 Израил ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ Мыл гадзрахатӕй рацыдысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

12 Уыдон Дунедарӕгыл цъыфкалӕн кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Дунедарӕг нӕй! Ницы фыдбылыз ныл ӕрцӕудзӕн, нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг бавзардзыстӕм“.

13 Уыцы пехуымпартӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, Дунедарӕджы ныхас сӕм нӕй, сӕ ныхӕстӕ сӕхиуыл ӕрцӕуӕнт».

14 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.

15 Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.

16 Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр.

17 Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.

18 Фӕлӕ уӕ суанг уыцы бонты дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕронмӕ нӕ фесафдзынӕн.

19 Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.

20 Йаковы байзӕддӕгтӕн фехъусын кӕнут, расидут Иудейы:

21 Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!

22 Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.

23 Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.

24 Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“.

25 Уӕ фыдракӕндты тыххӕй сымахӕй ӕппӕт уыдӕттӕ байстӕуыд, уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕнӕхай фестут фарнӕй.

26 Мӕ адӕмы ’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ.

27 Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты.

28 Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.

29 Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.

30 Тӕссаг ӕмӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ цӕуы зӕххыл:

31 пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan