Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.

2 Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»

3 Хоронаимӕй хъарӕг хъуысы: ныззыгуым ис, хӕлӕттаг фӕци!

4 Сафтид ис Моавы зӕхх, кӕуынц йӕ сабитӕ.

5 Лухитмӕ фӕндагыл адӕм сау цӕссыг згъалынц; Хоронаиммӕ фӕндагыл адӕм хъарӕг кӕнынц, хӕлӕттаг кӕй фесты, ууыл.

6 Лидзгӕут, фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ! Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындзытӕ ис, уыдонау сут!

7 Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.

8 Дӕрӕнгӕнӕг алы сахармӕ дӕр бабырсдзӕн, иунӕг сахар дӕр нӕ аирвӕздзӕн. Бабын уыдзӕн дӕлвӕз, сафтид уыдзӕн фӕз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта.

9 Моавӕн базыртӕ раттут, цӕмӕй йӕ бон атӕхын суа. Йӕ сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.

10 Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!

11 Моав йе ’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт.

12 Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕм Ӕз сӕндуцджытӕ арвитдзынӕн. Ӕндӕр ранмӕ йӕ сӕвгӕндзысты, йӕ мигӕнӕнтӕ йын сафтид кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ дурынтӕ ныппырх кӕндзысты.

13 Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.

14 Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»

15 Сафтид ис Моав, йӕ сахартӕ йын бацахстой, ӕвзӕрст лӕппуты акодтой ӕргӕвдынмӕ, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

16 Моавӕн йе сӕфт ӕрӕввахс ис, фыдбылызтӕ йӕ размӕ бырсынц.

17 Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!»

18 Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.

19 Ароеры чызг, фӕндаджы раз ӕрлӕуу ӕмӕ дӕ размӕ кӕс. Чи аирвӕзт, уыцы лидзджыты, цы ’рцыди, зӕгъгӕ, фӕрс.

20 Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.

21-24 Рахастӕуыд дӕлвӕзӕн тӕрхон: Холон, Йахац, Мефаат, Дивон, Нево, Кирйатаим, Бет-Гамул, Бет-Меон, Бет-Дивлатаим, Керийот, Боцра — дард ӕмӕ хӕстӕг сахартӕй иу дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззади Моавы.

25 «Йӕ сыкъа акъуырдтой Моавӕн, йӕ къух ныссасти, — зӕгъы Дунедарӕг. —

26 Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа!

27 Израилыл-иу нӕ худтӕ, раст цыма йӕ давджытимӕ ’рцахстой, уыйау? Йӕ кой дӕр ын ӕлгъгӕнгӕ кодтай».

28 Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.

29 Моав сӕрыстыр, ӕнӕввӕрсон ӕмӕ къӕйных кӕй у, уый мах фехъуыстам.

30 «Ӕз ын йӕ къӕйныхдзинад зонын, — зӕгъы Дунедарӕг. — Йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ мӕнг сты; цы дзуры, уыдӕттӕ нӕ кӕны».

31 Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын.

32 О Сивмайы сӕндон! Дӕуыл куыд кӕуын, афтӕ Ӕз Йазерыл дӕр нӕ куыдтон. Дӕ талатӕ суанг денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты ӕмӕ ныххӕццӕ сты Йазеры цадмӕ. Ныр дын дӕ рӕгъӕд сӕнӕфсир ӕмӕ дӕ сӕрдыгон дыргътӕ ныллӕгуын кодта дӕрӕнгӕнӕг.

33 «Моавӕн йӕ дидинӕгкалӕг зӕхх ӕнӕхай фӕци цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй. Ӕз сӕндуцӕнты сӕн нал ныууагътон, ӕмӕ уым, цины хъӕр кӕнгӕйӕ, ничиуал дуцы сӕн. Хъӕр райхъуысы, фӕлӕ уый цины хъӕр нӕу.

34 Хъарӕг хъуысы Хешбонӕй Елалемӕ, суанг Йахацы сахармӕ, Цоарӕй Хоронаим ӕмӕ Еглат-Шелишийы онг адӕмы хъӕр хъуысы, уымӕн ӕмӕ Нимримы дӕттӕ байсысдзысты.

35 Уаз къуыппытыл нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ дзы йӕхи хуыцӕуттӕн буд чи судзы, уыдоны Ӕз ныццӕгъддзынӕн Моавы», — зӕгъы Дунедарӕг.

36-37 Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се ’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис.

38 Моавӕн йӕ алы уӕлхӕдзарӕй, йӕ алы уынгӕй дӕр хъуысы хъарӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз Моавы зӕхх ӕнӕпайда мигӕнӕнау ныззыгуым кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.

39 Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй.

40 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕргӕс йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Моавы сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ базыртӕ.

41 Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.

42 Моавӕгтӕ адӕмты ’хсӕнӕй фесӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадысты.

43 Ӕвирхъау тас, дзыхъхъытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, моавӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. —

44 Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

45 Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн.

46 О Моав, додойаг фӕдӕ! Кемошы адӕм бабын сты! Дӕ фырттӕ бахаудысты уацары, дӕ чызджытӕй дын уацайрӕгтӕ скодтой.

47 Фӕлӕ фидӕны Ӕз моавӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. Ууыл моавӕгтӕн сӕ тӕрхон ахицӕн ис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan