Йеремиа 47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна. 2-3 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты. 4 Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны. 5 Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут?» 6 О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у! 7 Ӕниу, куыд ӕрсабыр уай? Дунедарӕг бардзырд радта, Йӕ кард сарӕзта Ашкелон ӕмӕ денджызы былгӕрӕтты ныхмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia