Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын иннӕ адӕмты фидӕн базонын кӕна.

2 Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта.

3 Ӕрцӕттӕ кӕнут уартытӕ, ӕрцытӕ, хӕсты быдырмӕ рӕвдздӕр рацӕут!

4 Сифтындзут уӕ бӕхтӕ ӕмӕ размӕ згъорут, бӕхджынтӕ! Уӕ уӕлӕ згъӕрхудтӕ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ ӕркӕнут! Ӕрцытӕ сцыргъ кӕнут!

5 Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.

6 Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был.

7 Уый Нилы донау чи ссӕуы? Йӕ уылӕнтӕ кӕмӕн гуылф кӕнынц фурдау?

8 Мысыр хӕрдмӕ фӕцыди Нилау, йӕ уылӕнтӕ гуылф кӕнынц фурды донау. Уый загъта: «Хӕрдмӕ фӕцӕудзынӕн, ӕгас зӕхх ӕрӕмбӕрздзынӕн, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ бабын кӕндзынӕн!»

9 Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ!

10 Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.

11 Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй.

12 Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.

13 Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн фехъусын кодта, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ӕрбабырсдзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх кӕй сафтид кӕндзӕн, уый.

14 Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»

15 Цӕмӕн дын басастой дӕ тыхджыны, цӕмӕн фӕцудыдта сӕ разы? Дунедарӕг ӕй зӕхмӕ раппӕрста.

16 Уый афӕлдӕхта бирӕты. Кӕрӕдзиуыл фӕхаудысты, дзырдтой: «Уӕлӕмӕ сыстут, аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕхи зӕххыл ӕгъатыр кардӕй фервӕзӕм!»

17 Иннӕрдыгӕй хъуысти хъӕр: «Дзӕгъӕлдзых у Мысыры паддзах — фараон, йӕ рӕстӕг ауагъта!»

18 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.

19 Мысыры чызг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзаумӕттӕ, дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн ӕндӕр бӕстӕм лидзынмӕ! Ныддӕрӕн ӕмӕ сафтид уыдзӕн Ноф, цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.

20 Мысыры зӕхх — рӕсугъд хъуджы хуызӕн, цӕгатӕй йӕм ӕрбатӕхы дзынга.

21 Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.

22 Мысыры зӕхх ссыф-сыф кодта калмау: йе знӕгты ӕфсад ӕм ӕрбаввахс ис, ӕрбабырсынц фӕрӕттимӕ, хъӕддзаутау.

23 Йӕ бӕлӕстӕ йын акалдзысты рӕбынӕй, зӕгъы Дунедарӕг, — йӕ тар хъӕд ын ныццӕгъддзысты: ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау.

24 Фӕхудинаг ис Мысыры чызг, цӕгатаг знӕгты къухмӕ бахауд.

25 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафхӕрдзынӕн Нойы цӕрӕг Амоны, стӕй фараоны, Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕутты, фараоныл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны се ’ппӕты дӕр.

26 Вавилойнаг паддзах Навуходоносор ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Уый фӕстӕ Мысыры зӕхх раздӕрау адӕмӕй байдзаг уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

27 Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».

28 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan