Йеремиа 45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд: 2 «Барух, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау дын афтӕ зӕгъы: 3-4 „Ды хъарӕг кӕныс дӕхиуыл, Дунедарӕг мын мӕ хъизӕмӕрттыл маст бафтыдта, мӕ хъӕрзынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, зӕгъгӕ“. Фӕлӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕхӕдӕг цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн мгас бӕстӕйы, цыдӕриддӕр ныссагътон, уыдон срӕдувдзынӕн. 5 Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia