Йеремиа 43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йеремиа адӕмӕн Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ, цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр куы фехъусын кодта, 2 уӕд ын Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ Кареахы фырт Йоханан, стӕй ма дзы къӕйных лӕгӕй чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр загътой: «Сайгӕ кӕныс! Нӕ дӕ рарвыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цӕмӕй нын, Мысырмӕ ма ацӕут ӕмӕ уым ма ’рцӕрут, зӕгъгӕ, дзурай. 3 Уый дӕ Нериайы фырт Барух нӕ ныхмӕ ардауы, цӕмӕй халдейӕгты къухмӕ бахауӕм ӕмӕ нӕ кӕнӕ амарой, кӕнӕ Вавилонмӕ уацары акӕной». 4 Кареахы фырт Йоханан, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ Иудейы нӕ баззадысты. 5 Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ ’фсады хицӕуттӕ семӕ акодтой, алы адӕмты ’хсӕн цы иудейӕгтӕ ныххӕлиу сты ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхти, уыдоны, 6 нӕлгоймагӕй, сылгоймӕгӕй, сывӕллонӕй, стӕй паддзахы чызджыты — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиаимӕ кӕй ныууагъта, уыдоны се ’ппӕты дӕр, пехуымпар Йеремиа ӕмӕ Нериайы фырт Барухы. 7 Ӕмӕ ацыдысты Мысырмӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъусгӕйӕ. Тахпанхесмӕ ӕрбахӕццӕ сты. 8 Тахпанхесы Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 9 «Дыууӕ стыр дуры райс ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзармӕ бацӕуӕны раз ӕлыджы баныгӕн Тахпанхесы, иудейӕгтӕ дӕ куыд уыной, афтӕ. 10 Зӕгъ сын: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз арвитдзынӕн Мӕ цагъармӕ, вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ, ӕмӕ, цы дуртӕ бамбӕхстон, уыдоныл ын йӕ паддзахы бадӕн ӕрӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ уый йӕ паддзахы цатыр айтындздзӕни сӕ сӕрмӕ. 11 Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты. 12 Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн. 13 Мысыры цы Хуры кувӕндон ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ ныззыгуым кӕндзӕн, мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ басудздзӕн“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia