Йеремиа 41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты, 2 уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой. 3 Гедалиаимӕ Мицпайы сахары цы иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейаг ӕфсӕддонтӕ уыди, уыдоны Измаел се ’ппӕты дӕр ныццагъта. 4 Дыккаг бон, Гедалиайы кӕй амардтой, уый куы ничима базыдта, уӕд 5 Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой. 6 Нетаниайы фырт Измаел сӕ размӕ кӕугӕйӕ рацыди Мицпайӕ ӕмӕ сӕм куы ’рбахӕстӕг ис, уӕд загъта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ ацӕут». 7 Куыддӕр сахармӕ бацыдысты, афтӕ сӕ Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон ныццагътой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ цъайы ныппӕрстой. 8 Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта. 9 Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта. 10 Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис. 11 Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕ, Нетаниайы фырт Измаел цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уый куы фехъуыстой, 12 уӕд адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты. Баййӕфтой йӕ Гивоны, стыр донуаты цур. 13 Измаел кӕй ӕрцахста, уыцы адӕм, Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕутты куы федтой, уӕд ныццин кодтой. 14 Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕм иууылдӕр фӕстӕмӕ здӕхынмӕ фесты ӕмӕ Кареахы фырт Йохананимӕ баиу сты. 15 Фӕлӕ Нетаниайы фырт Измаел аст лӕгимӕ Йохананӕй аирвӕзт ӕмӕ аммонӕгты зӕхмӕ алыгъди. 16 Ахикамы фырт Гедалиайы амарыны фӕстӕ Нетаниайы фырт Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕ Гивонӕй ракодтой: ӕфсӕддонты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, евнухты. 17 Араст сты сӕ фӕндагыл ӕмӕ Вифлееммӕ хӕстӕг, Герут-Кимхамы сахары, иу цасдӕр бафӕстиат сты, цӕмӕй Мысырмӕ алидзой, уый тыххӕй. 18 Халдейӕгтӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаел кӕй амардта, уыцы Гедалиайы, Ахикамы фырты, бӕстӕйы сӕргъы Вавилоны паддзах йӕхӕдӕг сӕвӕрдта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia