Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Паддзах Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл цыди фарӕстӕм аз. Уыцы азы дӕсӕм мӕйы Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ сахары алыварс ӕртыхсти.

2 Паддзах Цедекиайы хицаудзинадыл иуӕндӕсӕм аз куы цыди, уӕд цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон халдейӕгтӕ сахары сис басастой.

3 Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.

4 Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.

5 Халдейӕгтӕ сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ паддзах Цедекиайы Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕны баййӕфтой. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Ривлайы сахармӕ, Хаматы зӕхмӕ. Ӕмӕ йын паддзах уыцы ран тӕрхон рахаста.

6 Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.

7 Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна.

8 Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.

9 Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.

10 Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.

11 Вавилоны паддзах Навуходоносор хъахъхъӕнджыты хицау Невузарданӕн Йеремиайы тыххӕй бафӕдзӕхста:

12 «Ракӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ хъус фӕдар. Мацы знаггад ын ракӕн, ӕрмӕстдӕр дын йӕхӕдӕг цы зӕгъа, уый-иу ын бакӕн».

13 Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, лӕггадгӕнджыты хистӕр Неву-шаз-бан ӕмӕ ӕфсады хицау Нергал-Шарецер, стӕй вавилойнаг паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ

14 Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.

15 Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг загъта:

16 «Ацу ӕмӕ эфиопаг Еведмелехӕн зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы сахарӕн Ӕз рагацау цы снысан кодтон, уый ныр сӕххӕст кӕндзынӕн — йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд, Мӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ.

17 Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ.

18 Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan