Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Маттаны фырт Шефати, Пашхуры фырт Гедалиа, Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ Малкиайы фырт Пашхур фехъуыстой, Йеремиа адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, уый:

2 «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзысты. Халдейӕгты къухтӕм йӕхи чи радта, уыдон та удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзысты.

3 Дунедарӕг зӕгъы: ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, бацахсдзӕн ӕй“».

4 Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».

5 Паддзах Цедекиа сын дзуапп радта: «Уӕ бар ыл цӕуы. Сымах цы нӕ фӕнды, ахӕмӕй паддзахӕн йӕ бон саразын ницы у».

6 Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.

7 Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.

8 Еведмелех галуанӕй рацыд ӕмӕ паддзахӕн загъта:

9 «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».

10 Паддзах эфиопаг Еведмелехӕн бардзырд радта: «Демӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы акӕн, ӕмӕ пехуымпар Йеремиайы цъайӕ сисут, цалынмӕ нӕ амарди, уӕдмӕ.

11 Еведмелех йемӕ адӕмы акодта ӕмӕ бацыди паддзахы галуанмӕ, дзаумӕтты къӕбицмӕ. Уырдыгӕй зӕронд хӕцъилтӕ ӕмӕ бызгъуыртӕ райста ӕмӕ сӕ бӕндӕнтыл Йеремиамӕ цъаймӕ ӕруагъта».

12 Эфиопаг Еведмелех загъта Йеремиайӕн: «Ацы бызгъуыртӕ ӕмӕ хӕцъилтӕ бӕндӕнты бын дӕ дӕлӕрмтты бавӕр». Йеремиа афтӕ бакодта.

13 Бӕндӕнтыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Йеремиайы цъайӕ систой. Уый фӕстӕ Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад.

14 Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».

15 Йеремиа Цедекиайӕн дзуапп радта: «Ӕмӕ дын ӕз дзуапп куы раттон, уӕд мӕ, ау, нӕ амарын кӕндзынӕ? Уӕддӕр мын мӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъусдзынӕ».

16 Паддзах Цедекиа сусӕгӕй расомы кодта Йеремиайӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, цард нын Чи радта, Уымӕй! Нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ, дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн».

17 Уӕд Йеремиа паддзах Цедекиайӕн загъта: «Уӕларвӕфсады Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм дӕхи куы раттай, уӕд фервӕздзынӕ, ацы сахар та сыгъд не ’рцӕудзӕн. Де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ.

18 Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».

19 Паддзах Цедекиа Йеремиайӕн дзуапп радта: «Ӕз тӕрсын, халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъди, уыцы иудейӕгтӕй. Халдейӕгтӕ мӕ сӕ къухтӕм куы радтой, уӕд мӕ хынджылӕггаг скӕндзысты».

20 Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.

21 Сахарӕй рацӕуыныл куы не сразы уай, уӕд та, Дунедарӕг мын цы раргом кодта, уымӕ байхъус:

22 иудейаг паддзахы галуаны ма цы сылгоймӕгтӕ баззад, уыдоны вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм акӕндзысты, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ дзурдзысты: „Де ’рдхӕрдтӕ дыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ дыл фӕуӕлахиз сты. Ныр цъымарайы куы ныссагъдтӕ, уӕд та лидзӕг фесты“.

23 Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».

24 Цедекиа Йеремиайӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ мачи базонӕд, науӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзынӕ.

25 Уӕздӕттӕ, демӕ кӕй дзырдтон, уый куы фехъусой, уӕд дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Паддзахӕн цы загътай, уый нын радзур, мацы нӕ басусӕг кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм“.

26 Уӕд-иу сын ахӕм дзуапп ратт: „Ӕз лӕгъстӕ кодтон паддзахӕн, цӕмӕй мӕ Йонатаны хӕдзармӕ мауал арвита ӕмӕ уым ма амӕлон“».

27 Уӕздӕттӕ иууылдӕр Йеремиамӕ ӕрбацыдысты. Рафӕрс-бафӕрс ӕй фӕкодтой, ӕмӕ сын уый, паддзах ын цы бафӕдзӕхста, уый загъта. Уӕд ӕй уыдон ницӕмӕйуал бафарстой, уымӕн ӕмӕ, сӕ ныхасы сӕр цӕуыл уыди, уымӕн ничи ницы зыдта.

28 Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад, цалынмӕ знӕгтӕ Йерусалим нӕ бацахстой, уӕдмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan