Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.

2 Цедекиа, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы дзыхӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ нӕ хъуыстой.

3 Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.

4 Уыцы заман Йеремиа сӕрибарӕй царди йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ ахст нӕ уыди.

5 Фараоны ӕфсад рацыди Мысырӕй, ӕмӕ, Йерусалимыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сахарӕй аздӕхтысты.

6-7 Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: Мӕнмӕ уӕ бафӕрсынмӕ чи ӕрбарвыста, уыцы иудейаг паддзахӕн зӕгъут: „Фараоны ӕфсад уӕм ӕххуысмӕ рацыди, фӕлӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ зӕхмӕ, Мысырмӕ,

8 халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“».

9 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый!

10 Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».

11 Фараоны ӕфсад кӕй ӕрбаввахс ис, уый тыххӕй халдейӕгты хӕстонтӕ Йерусалимӕй куы адард сты,

12 уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы ’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза.

13 Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»

14 Йеремиа йын дзуапп радта: «Уыцы ныхас мӕнг у! Ӕз халдейӕгтӕм лидзинаг нӕ дӕн». Ирийа йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕрцахста йӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕтты размӕ ӕрбакодта.

15 Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.

16 Йеремиайы ныккӕнды ныппӕрстой, ӕмӕ уым дзӕвгар рӕстӕг фӕбадти.

17 Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».

18 Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?

19 Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?

20 О мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах, байхъус мӕм, мӕ курдиатыл мын дӕхи ма атигъ кӕн! Мауал мӕ арвит нымӕрдар Йонатаны хӕдзармӕ, науӕд уым амӕлдзынӕн».

21 Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan