Йеремиа 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 2 «Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс. 3 Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн». 4 Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта. 5 Йеремиа Барухӕн загъта: «Ӕз ахст дӕн, ӕмӕ мӕ бон Дунедарӕджы хӕдзармӕ ацӕуын нӕу. 6 Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се ’ппӕтӕн дӕр бакӕс. 7 Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй». 8 Нериайы фырт Барух Йеремиайы фӕдзӕхст сӕххӕст кодта: чиныджы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары бакасти. 9 Иудейы паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, фӕндзӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд уыцы азы фарӕстӕм мӕйы иудейаг сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр Дунедарӕджы раз ком дардтой. 10 Барух Йеремиайы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары, нымӕрдар Гемариайы, Шафаны фырты, агъуысты хъӕлӕсыдзагӕй бакасти. Йӕ агъуыст уыди Дунедарӕджы хӕдзары Ног кулдуары бацӕуӕны раз, уӕллаг кӕрты. 11 Шафаны фырты фырт, Гемариайы фырт Миха, фехъуыста Дунедарӕджы ныхӕстӕ, тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдӕттӕ. 12 Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр. 13 Барух адӕмӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй куы каст, уӕд Миха, цыдӕриддӕр фехъуыста, уыдон иууылдӕр уӕздӕттӕн радзырдта. 14 Уӕздӕттӕ Барухмӕ арвыстой Йехудийы. Уый уыди Нетаниайы фырт, Шелемийы фырты фырт, Кушийы фыртӕн йӕ фырты фырт. Бафӕдзӕхстой йын, цӕмӕй Барухӕн афтӕ зӕгъа: «Адӕмы раз хъӕрӕй кӕй кастӕ, уыцы чиныг райс ӕмӕ ардӕм рацу». Нериайы фырт Барух тухгӕ чиныг райста ӕмӕ сӕм ӕрбацыди. 15 Уыдон ын загътой: «Сбад ӕмӕ нын ацы чиныг бакӕс». Барух сын ӕй бакаст. 16 Уӕздӕттӕ ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ Барухӕн загътой: «Мах хъуамӕ ацы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн фехъусын кӕнӕм». 17 Ноджы ма Барухы бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, куыд ныффыстай ӕппӕт адӕттӕ? Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ?» 18 Барух сын дзуапп радта: «Йеремиа мын сӕ дзырдта, ӕз та сӕ милдонӕй тухгӕ чиныджы фыстон». 19 Уӕздӕттӕ Барухӕн загътой: «Ацу ӕмӕ Йеремиаимӕ уӕхи искуы бамбӕхсут, кӕм уыдзыстут, уый куыд ничи зона, афтӕ». 20 Уӕздӕттӕ паддзахы галуанмӕ ацыдысты, тухгӕ чиныг та нымӕрдар Елишамайы уаты ныууагътой. Уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн радзырдтой. 21 Паддзах Йехудийы тухгӕ чиныгмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ уый нымӕрдар Елишамайы агъуыстӕй ӕрбахаста. Паддзахы ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы уӕздӕтты раз ӕй хъӕрӕй бакасти. 22 Уыцы азы фарӕстӕм мӕйы паддзах царди йӕ зымӕгон хӕдзары. 23 Ӕмӕ-иу куыддӕр Йехуди чиныгӕй ӕртӕ-цыппар цӕджындзы бакаст, афтӕ-иу сӕ паддзах нымӕрдары кардӕй фӕлыг кодта ӕмӕ-иу сӕ къонайы арты баппӕрста, цалынмӕ тухгӕ чиныг иууылдӕр арты басыгъди, уӕдмӕ. 24 Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой. 25 Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста. 26 Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста. 27 Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы чиныг ныффыста, уый паддзах куы басыгъта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 28 «Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс. 29 Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘ 30 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг иудейаг паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: йӕ байзӕддӕгтӕй Давиды паддзахы бадӕны ничиуал сбаддзӕн, ӕнтӕф бонтӕ ӕмӕ уазал ӕхсӕвты дӕ мард зӕххыл лӕзӕрдзӕн. 31 Йӕхи дӕр, стӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн. Ӕз уыдонӕн, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, цы бӕллӕхтӕй сӕм ӕртхъирӕн кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм нӕ хъуыстой“». 32 Йеремиа ӕндӕр тухгӕ чиныг райста ӕмӕ йӕ Нериайы фырт Барухмӕ радта. Ӕмӕ та Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейаг паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдон ногӕй ныффыста ӕмӕ ма йӕм бафтыдта бирӕ ахӕм ныхӕстӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia