Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иудейаг паддзах, Иосиайы фырт Иоакимы паддзахиуӕджы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

2 «Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».

3 Ӕз фӕсидтӕн Хавацинийы фырты фырт, Йеремиайы фырт Иазанимӕ, стӕй уымӕн йе ’фсымӕртӕм, йӕ фырттӕм ӕмӕ рехавонты ӕппӕт мыггагмӕ.

4 Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.

5 Ӕз рехавонтӕн сӕ разы сӕнӕй йедзаг дурынтӕ ӕмӕ нуазӕн кӕхцытӕ ӕрӕвӕрдтон, загътон сын: «Бануазут сӕн».

6 Фӕлӕ мын уыдон дзуапп радтой: «Мах сӕн нӕ нуазӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Рехавы фырт Йонадав афтӕ бафӕдзӕхста: „Нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр сӕн ма бануазӕнт.

7 Хӕдзӕрттӕ ма аразут, хор ма байтаут ӕмӕ сӕндӕттӕ ма скӕнут, макуы уӕм мацы уӕд уыдӕттӕй. Цӕрӕнбонты цӕрут цатырты ӕмӕ уӕд, ӕцӕгӕлӕттӕ цы зӕххыл стут, уым бирӕ фӕцӕрдзыстут“.

8 Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг,

9 стӕй цӕрынӕн хӕдзӕрттӕ никуы арӕзтам; сӕндӕттӕ, быдыртӕ ӕмӕ хоры хуымтӕ нӕм нӕй.

10 Мах цӕрӕм цатырты ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Йонадав цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм.

11 Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».

12 Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

13 «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цӕугӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъ: ау, ацы хъуыддагӕй уӕхицӕн ницы хатдзӕгтӕ скодтат ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ сахуыр уыдзыстут? — зӕгъы Дунедарӕг. —

14 Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат.

15 Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.

16 Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц, ацы адӕм та Мӕм нӕ хъусынц!»

17 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».

18 Рехавонтӕн та Йеремиа загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:

19 „Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan