Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг дыккаг хатт загъта:

2 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:

3 балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.

4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:

5 сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.

6 Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.

7 Ӕз Иудей ӕмӕ Израилы уацайрӕгты фӕстӕмӕ раздахдзынӕн, раздӕрау сӕ сфидар кӕндзынӕн.

8 Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, уыдонӕй сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. Мӕ ныхмӕ-иу куы сыстадысты, уӕд цы фыдракӕндтӕ арӕзтой, уыдон сын ныббардзынӕн.

9 Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.

10-11 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».

12 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынат сафтид ис, нал дзы адӕм ис, нал цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ ацы сахартӕй алкӕй раз дӕр ногӕй фӕзындзысты фосхизӕн сӕрвӕттӕ, ӕмӕ дзы фыййӕуттӕ сӕ фос хиздзысты.

13 Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

14 Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый.

15 Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.

16 Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.

17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды мыггагӕн Израилы паддзахы бадӕныл алкӕддӕр йӕ бар цӕудзӕни.

18 Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».

19 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:

20 «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Кӕд, Ӕз бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый искӕмӕн йӕ бон фехалын у, цӕмӕй афоныл мауал фӕзыной, уый тыххӕй,

21 уӕд Мӕ цагъар Давидимӕ ӕмӕ, Мӕ разы лӕггад чи кӕны, уыцы левиттимӕ цы фидыд сфидар кодтон, уый дӕр фехалӕн ис, ӕмӕ Давидӕн, йӕ паддзахы бадӕны хицауиуӕг чи кӕна, ахӕм байзӕддӕгтӕ нал уыдзӕн.

22 Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».

23 Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

24 «Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».

25 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ фидыд куыд сарӕзтон, арв ӕмӕ зӕххы ӕгъдӕуттӕ куыд сфидар кодтон,

26 афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan