Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

2 «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.

3 Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

4 Мӕнӕ сты, Дунедарӕг Израил ӕмӕ Иудейы тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон.

5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.

6 Бафӕрсут-ма искӕй ӕмӕ ахъуыды кӕнут: нӕлгоймагӕн йӕ бон ныййарын у? Уӕдӕ цы уынын Ӕз: нӕлгоймӕгтӕ арӕг устытау ныкъкъӕдзтӕ сты! Сӕ цӕсгӕмттӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты.

7 О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.

8 Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы ’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ,

9 фӕлӕ Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, стӕй сӕ паддзах Давидӕн, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн.

10 Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.

11 Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».

12 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ!

13 Дӕ цӕфтӕн хостӕ нӕй ӕмӕ дын нӕй сдзӕбӕхы амал, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагыл ничи тыхсы.

14 Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!

15 Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ!

16 Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.

17 Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».

18 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.

19 Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.

20 Сӕ фырттӕ раздӕры хуызӕн суыдзысты, се ’хсӕнад ӕрфидар уыдзӕн Мӕ разы. Ӕз сын се ’фхӕрджыты бафхӕрдзынӕн.

21 Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —

22 Сымах суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау».

23 Мӕнӕ Дунедарӕджы тыхдымгӕ, фыр мӕстӕй абухгӕйӕ, зилдух кӕнын систа! Тымыгъ сыстад ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕртӕ бабын кӕндзӕн!

24 Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan