Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.

2 Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ.

3 Фыстӕг йӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнын бабар кодта Шафаны фырт Еласа ӕмӕ Хилкиайы фырт Гемариайӕн, Иудейы паддзах Цедекиа вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ кӕй арвыста, уыдонӕн.

4 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы ӕппӕт хаст адӕмӕн, Ӕз Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй фӕсырдтон, уыдонӕн:

5 «Уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, саразут дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут.

6 Устытӕ курут ӕмӕ цот уадзут, уӕ фырттӕн устытӕ хӕссут ӕмӕ уӕ чызджыты моймӕ дӕттут, цӕмӕй уыдонӕн дӕр цот цӕуа. Ма фӕкъаддӕр ут, фӕлӕ сбирӕ ут уыцы зӕххыл.

7 Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».

8 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.

9 Уыцы адӕм уын рагуацы хуызы Мӕ номӕй дзурынц мӕнг ныхӕстӕ, Ӕз сӕ нӕ арвыстон», — зӕгъы Дунедарӕг.

10 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.

11 Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Ӕз зонын, цы уын снысан кодтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ фыдбылызы нӕ, фӕлӕ уӕ фарны сӕраппонд, цӕмӕй уӕ схайджын кӕнон фидӕн ӕмӕ зӕрдӕдарӕнӕй.

12 Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.

13 Зӕрдиагӕй Мӕ куы ӕрцагурат, уӕд Мӕ ссардзыстут.

14 Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.

15 Сымах дзурут, Дунедарӕг нын Вавилоны дӕр пехуымпартӕ радта, зӕгъгӕ.

16-17 Фӕлӕ, Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзахы, стӕй ацы сахары цӕрӕг адӕмы, уемӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уӕ уыцы ’фсымӕрты тыххӕй Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, афтӕ зӕгъы: уыдоны Ӕз кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бакӕндзынӕн, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ цы легъуитӕ нӕ бӕззынц, уыдоны хуызӕн сӕ скӕндзынӕн.

18 Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,

19 уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.

20 Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!

21 Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.

22 Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“

23 Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

24-25 Нехеламаг Шемайайӕн афтӕ зӕгъ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй: «Ды дӕхи фӕндонӕй ӕгас Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сауджын Софониамӕ, Маасеайы фыртмӕ, стӕй иннӕ сауджынтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фыстӕджытӕ фервыстай. Дӕ фыстӕджы фыстай:

26 „Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.

27 Ӕмӕ уӕдӕ уӕ сахары пехуымпариуӕг чи кӕны, уыцы анатотаг Йеремиайы цӕуылнӕ бауромыс?

28 Уый нӕм Вавилонмӕ афтӕ куы фыста, уӕ уацары рӕстӕг бирӕ ахӕсдзӕн, уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, дыргъдӕттӕ саразут ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут, зӕгъгӕ“».

29 Пехуымпар Софониа уыцы фыстӕг Йеремиайӕн бакасти.

30 Ӕмӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

31 «Хаст адӕммӕ ныффыс: Дунедарӕг нехеламаг Шемайайы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Шемайа уын пехуымпариуӕг кӕй кодта, Ӕз ӕй нӕ арвыстон, афтӕмӕй уын мӕнг ныхӕстӕй ныфсытӕ кӕй ӕвӕрдта,

32 уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы ’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan